Иран, Индий æмæ Уæрæсе, Суэцы каналы альтернативæйы фæуыынаффæ кæндзысты
Иран, Индий æмæ Уæрæсе, Суэцы каналы альтернативæйы фæуыынаффæ кæндзысты. Телекомпани Press TV-ы информацийæ, æртæ бæстæйы минæвæрттæ ноябры плангонд фембæлыдл, æхсæнадæмон базарадон-транспортон къæлидоры «Цæгат-Хуссары» саразыны фарста æркæсдзысты.
Ног фæндаг уыдзæн 7 200 километры дæргъы æмæ Суэцы каналæй уаргъты ласыны традицион маршруты, бирæ аслам дæр æмæ цыбырдæр альтернативæ уыдзæн.
Ног проектмæ гæсгæйæ, Индийæ роацæугæ уæзтæ, денджызы уылты Ираны сахар Бендер-Абасмæ бацæудзысты, уый фæстæ Каспийыбылы сахар Бендер-Энзелимæ, уый фæстæ та Астраханы æрдæм аласдзысты æмæ æфсæнвæдагы фæрцы Европæмæ æрæудзæн сæ транспортаци.
Уæзты ласыны афæдзон гуырахст уыдзæн 20-30 милуан тоннæ.