Иракъли Къобахидзе – мæйы кæронмæ  алы  пункт 100 процентæй  сыххæст уыдзæн,  фенæм, Еврокомиссимæ  цы позици уыдзæн
Иракъли Къобахидзе – мæйы кæронмæ алы пункт 100 процентæй сыххæст уыдзæн, фенæм, Еврокомиссимæ цы позици уыдзæн

Сæрæй загътам, цæмæй  июны   кæронмæ  фæуыдаит  12   пунктыл кусын  æмæ ацы дзырдлæвæрд  цæсгомджынæй æххæст кæнæм, – уый фæдыл  «Картули Оцнебайы»  сæрдар, Иракъли  Къобахидзе  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  алæвæрд  «Дгъис Темайы»   райхъусын кодта.

Къобахидзейы дзырдæй,  зæгъгæ  хицауады  бæрнондзинад кæм  уыдис, алкуыран  бакуыста  æххæст бæрнæй  æмæ алы пункты цæсгомджынæй  сыххæст кодта.

«Мах стæм   кæронмæ   цасгомджын  алы  пункты сыххæсты  фæдыл. Нæ бæрн  цы уыдис,  алы пункты  сыххæст кодтам цæсгомджынæй.  Кæй зæгъын  æй хъæуы,  нæ  бæрн иуфарсон нæ уыдзæн –  деполяризацийы сыххæст кæнынæн  хъæуы дыууæфарсон   тыхархайд.  уымæ гæсгæ дæр нын  ууыл дæр   нæ  бахъæудзæн позици сфиксир кæнын  æмæ  йæ  сфиксир кæндзыстæм.  Нæ иуфарсон бæрн кæм уыдис, закъонты æрдгæй,   уый нымæцы    закъонты райсын, гæсты   сывзарын, алы æрдгæй   архайдтам   æххæст бæрнæй», –  банысан кодта  Иракъли Къобахидзе.