Иракълэ  Къобахидзе – Конкретон  тыхтæ  аразгæйæ архайнц   политикон   уавæры поляризаци скæнын,  фæстагмæ  та  уый æппæт  хизы  тыхмидзинадмæ, кæцы у нæрайсгæ æмæ хъæуы  йæ фæд равзарын
Иракълэ Къобахидзе – Конкретон тыхтæ аразгæйæ архайнц политикон уавæры поляризаци скæнын, фæстагмæ та уый æппæт хизы тыхмидзинадмæ, кæцы у нæрайсгæ æмæ хъæуы йæ фæд равзарын

Конкретон тыхтæ    архайнц  политикон уавæры  аразгæйæ ныттынг кæнын, радикализмы æрбахæссын,  фæстагмæ, уый æппæт хизы тыхмидзинадмæ, –  уый фæдыл   парти «Картули  Оцнебайы»  сæрдар Иракъли Къобахидзе  райхъусын кодта.  Къобахидзейы дзырдæй,  зæгъгæ  хицауад   бæрн йæхимæ исы  фæдагуырды  тыххæй.

Уыимæ, Къобахидзе   æрсидтис алкæмæн,  сæхи фæуромой   цыфæнды    ахæм архæйдтытæй    кæцытæ сцырын  кæндзысты  поляризаци.

«Хицауад бæрн йæхимæ исы фæдагуырдыл.  Кæй зæгъынæ й хъæуы, алы   факты фæдыл фæдагуырд. Кæй зæгъын æй хъæуы,  тыхмидзинад  у æнæраст, нæрайсгæ у  æмæ уымæн  хъæуы фæдагуырд ауадзын.  Хицауады бæрн  у  ахæм фарстаты фæд равзарын.  Æмтгæй,  нæ бæстæйæн сæйраг у,  фæуа   поляризаци,  фæкъаддæр уа   радикализмы гъæд. Ис  конкретон тыхтæ, кæцытæ  комкоммæ   архайынц бæстæйы  политикон уавæр ныттынг кæнын, архайынц радикализм æрбахæссын  æмæ   стæй  хъыгагæн, уый æппæт    фæстагмæ иу  ахизы  тыхмидзинадмæ.  Уый у  тынг æвзæр.  Æз алкæмæ  сидын,  сæхи бауромой кæцыфæнды ахæм архайдæй, кæцы сцырын кæндзæн   бæстæйы поляризаци»,- райхъусын кодта  Иракъли  Къобахидзе.