Иракъли Къобахидзе – ис ныл бæрн æхсæнады раз, ома  макæмæн  раттам  бæстæйы сабырдзинад фехалыны фадат
Иракъли Къобахидзе – ис ныл бæрн æхсæнады раз, ома макæмæн раттам бæстæйы сабырдзинад фехалыны фадат

Ивгъуыд  азы 24 февралæй, ацы адæймæгтæ æнæ иу  хатт  бацархайдтой  нæ бæстæйы  уавæр сызмæнтын,  кæцыйæн уыдис иунæг нысан –  уыдон  архайынц  хæслæвæрдтæм гæсгæйæ æмæ сæ хæслæвæрд у  бæстæмæ дестабилизаци æрбахæссын, уый  кæронбæттæн  нысан та у  дыккаг фронт бакæнын, – уый фæдыл  парти «Картули Оцнебайы»  Иракъли Къобахидзе  загъта, кæцыйы  бафарстой  24 февралы Руставелийы проспектыл  плангонд   акцийы  тыххæй.

Къобахидзейы  дзырдæй, зæгъгæ  ай æппæтыл   конкретон   информацийыл æнцойæ  дзурынц.

«Ацы цауы дæр  архайды  иунæг нысан у  уавæр сызмæнтын, бæстæйы  сабырдзинад ныппырх кæнын  æмæ фесафын, кæцы у   æппынфæстаг нысан.   Уый фадат  сын  мах,  цæй зæгъын æй хъæуы,   нæ ратдзыстæм.  Ис ныл бæрн æхсæнады раз, цæмæй никæмæн  ратдзыстæм   бар нæ бæстæйы сабырдзинад фехалын», –  банысан кодта Иракъли Къобахидзе.

Оппозицион партиты æмæ æндæр æмæ æндæр сферæты минæвæрттæ  цæрджытæм  æрсидтысты  24 февралы   Руставелийы  проспектыл  акцимæ рацæуынмæ.

«Стратегиа Агъмашенебелийы»  лидер, Гиорги Вашадзе  знон    райхъусын кодта, цæмæй  хъуамæ  æрымбырд уæд, цæмæй алчи  бамбарæт, ома сæ  æнæцудгæ  бар, фидар æмæ Иугонд Гуырдзыстоны, Европæимæ æмæ евроатлантикон  альянсимæ арæзтады фæдыл, ногæй  ничиуал æркæсдзæн.