Иракълий Къобахидзе – Цалдæр партийæн сæ нысан у, ма сывзарын кæной адæмон хъахъхъæнæджы, ахæм цауы сын омбусдмены офисы баззайдзæн сæрмагонд  фавориттæ
Иракълий Къобахидзе – Цалдæр партийæн сæ нысан у, ма сывзарын кæной адæмон хъахъхъæнæджы, ахæм цауы сын омбусдмены офисы баззайдзæн сæрмагонд фавориттæ

Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар Иракълий Къобахидзейы фидиуæнæй,   зæгъгæ йæм ныфс ис, хицаугæнæг  партийы æмæ  оппозицийы æхсæн консультациты  бындурыл бантысдзæни  адæмон хъахъхъæнæджы  сæвзарын.

Иурæстæгонæй  Къобахидзе дзуры, цæмæй   цалдæр партийæ  интересджын сты адæмон барты хъахъхъæнæджы офисы  сын баззайа сæрмагонд фавориттæ.

«Фæзындты рæзты нæ цæудзыстæм,   нæкæсгæ уымæ æмæ бадзырдтæ  тынг  дырыс  сурæт   равдыстой.  Хуыздæр нæм кæсы  нæ   преференцитыл ма  ныхас кæнæм, хъуамæ   ныууадзæм рæстæг  уымæн, цæмæй  оппозицион пратитимæ  ацæуа консультацитæ.   Адæмон барты хъахъхъæнæджы  сывзарынæн хъæуы  консенсус  хицаугæнæг парти æмæ оппозицийы  æхсæн æмæ нæм  ныфс ис  растдæр ахæм консультациты бындурыл   нын бантысдзæни  омбусдмены сывзарын.   Æнцон нæ уыдзæн, уымæн æмæ   цалдæр партийы сын  ис   нысан,  ма нын сывзарын кæной  адæмон хъахъхъæнæджы.   Ахæм цауы  сын  адæмон барты хъахъхъæнæджы офисы баззайдзæнис сæрмагонд фавориттæ. Абон  зонæм, цæмæ омбудсмены офис   у «нацзмæлды» фавориттæй  едзаг.  Уый тыххæй  дæр, сæм ис интерес ма нын раттой  фадат 12  пунктæй сæ иуы сыххæст кæнын æмæ  ма сывзарæм  адæмон хъахъхъæнæджы. Цæй  зæгъын æй хъæуы,  уый  зын кæны  уавæр, фæлæ уымæ нæкæсгæ, нæм ис ныфс, цæмæй  уæддæр бауыдзæн нæ бон  адæмон барты хъахъхъæнæджы сывзарæм», – райхъусын кодта Иракълий Къобахидзе.