Ираклий Окруашвилийы хъуыдтаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн, парламенты фæдагуырдон комитетмæ кæй нæ бацыд уый тыххæй
Ираклий Окруашвилийы хъуыдтаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн, парламенты фæдагуырдон комитетмæ кæй нæ бацыд уый тыххæй

Хъахъхъæнынады раздæры министр Ираклий Окруашвилийы хъуыдтаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн Гуырдзыстоны парламенты «2003-2012 азты режимы æмæ йæ политикон бæрнонты архайдтыты фæдыл рæстæгмæ фæдагурæн къамисы» рабадтмæ кæй нæ бацыд, уый тыххæй.

Уый фæдыл уынаффæ райст æрцыд парламентон къамисы абоны рабадтыл. Фарст хъæлæсæппæрстмæ комисы сæрдар, Теа Цъулукиани снысан кодта.

“Ацы рæстæгмæ уавæр ахæм у, цæмæй къамисы куырдиат нæ сæххæст ис. Уымæ гæсгæ хъæлæсæппæрстмæ бахæссæм уынаффæ, цæмæй ацы хъуыдтаг Гуырдзыстоны прокуратурæмæ æрвыст æрцæуа” -расидтис Теа Цъулукиани хъæлæсæппæрсты размæ, цæй фæстæ дæр къамисы уæнгтæ фарстайы фарс рахæцыдысты.

Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, парламентон фæдагурæн комисы размæ кæй нæ бахаудысты, уый тыххæй дæр прокуратурæмæ арвыстой «Лелойы» лидер Мамука Хазарадзе æмæ «Лелойы» уæнг Бадри Джапаридзейы хъуыддæгтæ дæр.