Ираклий Окруашвили – Саакашвили мын Валерий Гелашвилимæ лæбурды тыххæй загхта, цæмæй æз цы нæ сарызтон, уый дзæбæх сæххæст кодта Вано Мерабишвили
Ираклий Окруашвили – Саакашвили мын  Валерий Гелашвилимæ лæбурды тыххæй загхта, цæмæй  æз цы нæ сарызтон,  уый  дзæбæх сæххæст кодта Вано Мерабишвили

Ираклий Окруашвили  Михеил Саакашвилийы  азымджын кæныны  хъуыддаджы тæрхоны процессы æвдисæндзырдтæ дæтты. Окруашвили 2005 азы,  парламенты уæнг Валерий Гелашвилимæ гарзджын лæбурды  рæстæджы  ахста  хъахъæнынады министры пост.

Окруашвили  ьтæрхоны процессыл  куыд расидтис афтæмæй,   Михеил Саакашвили уымæй домтта  Валери Гелашвилимæ физикъон бырст сæххæст кæнын.   Афтæдæр йæ  ныхæстæм  гæсгæ,   раздæры президент  йæ æмцæдисоныл нымадта  æмæ йæм ныфс уыд,  цæмæй информаци нæ ррахъарыдаит.

«Валерий Гелашвилийы  интервьюйы негативон  ахаст  уыдис  куыд Михеил Саакашвилийы, афтæ дæр йæ   бинойнагы  ныхмæ.  Интервьюйы  ахæлиуы  фæстæ,   Саакашвили нымадта,   цæмæй  Гелашвилиимæ физикъонæй хъуамæ сраст уыдаиккам. Æз не сразы дæн,  Мерабишвили та йæ разæнгард кодта» – расидтис  Окруашвили  æмæ æрымысыд  Саакашвилиимæ йæ  фембæлд Шавнабадайыл.

«Дыууæ къуырийы фæстæ  та йыл фембæлдтæн, фæндыд мæ  йæ хъуыды аивдтаит, фæлæ  нæ састис æмæ   йæ тызмæг позици нæ ивдта. Йеуæд бамбæрстон, мæ аргументтæм кæй нæ хъуста уый.  Лæбурды   фæстæ   Шавнабадайыл   цемæ фембæлдтæн,  ацы хатт  ме æрдæм куыд æмбалы æрдæм мын претензитæ загъта  æмæ  мын дзырдта, цæмæй  дам цы саразын нæ бахъом дæ, уый дам тынг дзæбæх сæххæст кодта Вано зæгъæгæ, кæцыйæ уый сбæлвырд ис, цæмæй  лæбурд йæ организацигонд уыд» – расидтис Окруашвили  æмæ банысан кодта, цæмæй   ацы темæйы  Вано  Мерабишвилиимæ дæр йын уыд  ныхас.

«Уый мын загъта, цæмæй  ай уыд превенци зæгъгæ, цæмæй  президенты  æрдæм ахæм исты мачиуал баууæндыдтаит» –  расидтис Ираклий Окруашвили.