Ираклий Надирадзе – æз дæн Рæстдинон чырыстон, партийы ис тынг бирæ чырыстон, æрвылбйонон режимы фембæлæм бирæ адæймагыл æмæ ЛГБТ темæтæ уыдонæн сегасдæр къаддæр цымидисон сты
Нæ цæрджытæ сегасдæр къаддæр цымидис кæнынц ЛГБТ темæтæй, уымæ æмæ сæйраг проблемæ у мæгуырдзинад, æгуыстад, сæдæгай мин адæймаг æрвылазонæй сыстынц æмæ ацæуынц сæ бинонтæй, – уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг Ираклий Надирадзе.
Йæ дзырдæй «Националон Змæлд» нæ бакомдзæн «Картули Оцнебайы» пропагандæйæн.
«Нæ зонын, цæмæн архайы «Картули Оцнеба» айбæрц уæззау темæты фоныл ацы темæйæ спекуляци кæнын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ цæрджытæ кæд истæмæй цымидис кæнынц, уæд сегасдæр къаддæр сты ацы темæтæ, уымæн æмæ сæйраг проблемæ у мæгуырдзинад, сæдæгай мин адæймаг æрвылазонæй сысты æмæ ныууадзынц сæ бинонты. Æз дæн цыппар хъæбулы фыд, рæстдинон чырыстон «Националон Змæлды» ис бирæ чырыстон – консерватор æвзæрстгæнæг. Ноджы иу хатт уын дзурынц, æрвылбойнон режимы амбæлæм тынг бирæ адæймагимæ, кæцытæ ацы темæтæй нæ цымидис кæнынц. Уый тыххæй уæ курæг дæн, цæй ма ныхас кæнæм реалонæй адæмы проблемæтыл. «Картули Оцнебайы» пропагандæйæн нæ бакомдзыстæм иунæг цауы дæр», – райхъусын кодта Ираклий Надирадзе.