Ираклий Леквинадзе лыстæг æмæ астæуккаг амалиуæгдæртты Европаг Конгрессы райста хайад
Ираклий Леквинадзе лыстæг æмæ астæуккаг амалиуæгдæртты Европаг Конгрессы райста хайад

Польшæйы  лыстæг æмæ астæуккаг  амалиуæгдæртты   омбудсмены   хуындæй,  конкуренцийы  националон   агентады сæрдар Ираклий Леквинадзе  æмæ  Гуырдзыстоны  бизнесомбудсмен Отар Данелиа  амалиуæгдæртты  Европаг   Конгрессы  райстой  хайад.  Мадзал  Польшæйы  горæт  Катовицейы  ацыд.

Конкуренцийы  националон агентады хъусинагæй,  конгрессы фæлгæтты  ацæугæ  панелыл, кæцыйыл  Гуырдзыстоны, Узбекистаны, Хуссар Кореяйы, Украинайы, Боснийы æмæ Польшæйы  бизнесомбудсментæ истой  хайад, Ираклий Леквинадзе  бæстæйы  уæвæг  конкурентон  æрдзыл, конкуренцийы сыххæсты политикæйыл  æмæ йæ  нысаниуæгыл фæныхас кодта.

Фембæлдыл, фарсытæ цæттæдзинад равдыстой  фидæнон æмгуыстад стынг кæныны  æрдгæй  æхсæнадæмон   платформæтыл  активон æмкуыст кæной.

Хуынды фæлгæтты  фембæлдтæ ацыд   Варшавæйы дæр, Польшæйы  наионалон ассамблейы  дæллаг  палатæйы, Польшæйы лыстæг æмæ астæу ас амалиуæгдæртты  омбудсменты офисы  æмæ Варшавæйы Сеймы.