Ираклий Къобахиздзе – Евроцæдисы бавдыст 12 пункты сыххæсты тыххæй бавдыстам план, кæцыйы коррекци скæнынæн ницы бындур ис
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклэ Къобахидзейы фидиуæнæй,зæгъгæ Евроцæдисы 12 пункты фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» бавдыст планы коррекци скæнынæн, ницы объективон бындур ис.
«Мах бавдыстам деталон план, кæцы баст у Евроæдисы 12 пункты сыххæст. АМ деталонæй у фыст бæрнон субъекттæ æмæ йæ зæрдæ никæмæн хсайдзæн цæмæй исты логикæ у хæлд. Райсын хъæуы закъонтæ. Фылдæр ныхас цæуы законы райстыл æндæр æмæ æндæр сферæты æмæ традиционæй, æмбæлгæ закъонтæ кастæуынц æмбæлгæ комитетты. План нæ уадзы ницы фарстытæ. Деталонæй фыст у, чи цы аразы æмæ кæд аразы. Уый тыххæй дæр, коррекци скæнынæн ницы объективон бындур ис», – загъта Къобахидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы алæвæрд «Тависупали Тема»-йы.
Йæ дзырдæй, оппоненттæ ныры онг хъусын кодтой, цæмæй ацы пунктты сыххæст кæнынæн а.х. техникон хицауад хъуамæ сарызтаиккой, ныр та дзурынц, цæмæй сын уый тыххæй кусæн къордтæ дæр нæй.