Ираклий Къобахидзе - закъоны хæлдтытæ æнæфхæрд ма хъуамæ баззайой, æхсæнад федта, цæмæй хицауадæн уыд адекватон, æмбæлон, æнæниз реакци
Ираклий Къобахидзе - закъоны хæлдтытæ æнæфхæрд ма хъуамæ баззайой, æхсæнад федта, цæмæй хицауадæн уыд адекватон, æмбæлон, æнæниз реакци

Уæлдай нæу, тыхмидзинад чи аразы, хуымæтæг æмбæстаг уа æви барадхъахъхъæнæг органты минæвар. Закъон алкæй ныхмæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуа – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе расидтис.

Хицауады сæрдар дзуапп лæвæрдта фарстæн, кæцы хауы æхсæз адæймаджы ахстмæ официалон бартæй тызмæгæй спайда кæныны факты тыххæй.

«Цæмæй ахæм тыхмидзинад ма райса, суанг потенциалонæй, системон характер, уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ уыд абоны дзуапп, кæцыйы æхсæнад федта. Растдæр уый тыххæй, æмæ паддзахад уыцы рæстæджы ахæм хуызы хæлдтытæн дзуапп нæ лæвæрдта, мах федтам, раздæры хицауады рæстæджы æнæбарыдзинад кæй рæзыд.  Уæлдай нæу чи аразы тыхмидзинад, хуымæтæг æмбæстаг уа æви барадхъахъæнæг уагдоны минæвар, алкæй ныхмæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуа закъон» – расидтис премьер-министр.