Ираклий Къобахидзе Урсулла фон дер Ляйенæн арфæ кæны Еврокомиссийы президентæй ногæй сывзарыны фæдыл
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Урсулла фон дер Ляйенæн раарфæ кодта Еврокомиссийы президентæй ногæй сывзарыны фæдыл.
Хицауады сæрдар хъусдард раздæхта æмгуыстады адарддæры æмæ Гуырдзыстоны евроинтеграцийы фæтынгыл.
«Урсулла фон дер Ляйенæн арфæ кæнын Еврокомиссийы президентæй ногæй сывзарын. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын нæ æмгуыстад адарддæрмæ æмæ Гуырзыстоны евроинтеграцийы фæтынгмæ», – фыссы премьер-министр социалон хызаг «Х»-ы.
Урсулла фон дер Ляйен Еврокомиссийы президенты постыл дыккаг æмгъуыдмæ сывзæрстой. Йæ сывзарынимæ сразы сты 401 европарламентарийæ, йæ ныхмæ схъæлæс кодтой 284, 15 депутат та схъæлæскæнынæй сæхи фæурдæтой.
Congratulations to @vonderleyen on her re-election as President of the @EU_Commission. Looking forward to continuing our collaboration and strengthening Georgia’s EU aspirations.
— Irakli Kobakhidze (@PM_Kobakhidze) July 18, 2024