Ираклий Къобахидзе Урсулла фон дер Ляйенæн арфæ  кæны Еврокомиссийы президентæй ногæй  сывзарыны фæдыл
Ираклий Къобахидзе Урсулла фон дер Ляйенæн арфæ кæны Еврокомиссийы президентæй ногæй сывзарыны фæдыл

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзе Урсулла фон дер Ляйенæн  раарфæ кодта Еврокомиссийы президентæй ногæй  сывзарыны фæдыл.

Хицауады  сæрдар хъусдард  раздæхта   æмгуыстады адарддæры æмæ Гуырдзыстоны евроинтеграцийы  фæтынгыл.

«Урсулла фон дер Ляйенæн  арфæ кæнын Еврокомиссийы  президентæй  ногæй сывзарын.  Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын  нæ  æмгуыстад адарддæрмæ æмæ Гуырзыстоны  евроинтеграцийы фæтынгмæ», –  фыссы  премьер-министр социалон хызаг «Х»-ы.

Урсулла фон дер Ляйен Еврокомиссийы   президенты постыл  дыккаг  æмгъуыдмæ  сывзæрстой. Йæ  сывзарынимæ сразы сты  401  европарламентарийæ,  йæ ныхмæ схъæлæс кодтой 284, 15  депутат та схъæлæскæнынæй сæхи фæурдæтой.