Ираклий Къобахидзе – Тбилисы хус наулæууæн сæйраг роль æххæст кæндзæн Кавказы æмæ Астæуккаг Азийы регионы базарадон цыд фæбæрзонддæр кæныны, нæ бæстæйы транзитон функци ноджы фæтыхджындæр кæныны
Тбилисы хус наулæууæн, регионы фыццаг нырыккон æфсæнвæндаджы контейнерон æмæ уæзласæн терминал, официалонæй байгом ис æмæ æххæстбарджын куыст райдайы – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе, Тбилисы хус наулæууæны байгомы церемонийы ныхасы рæстæджы расидтис.
Къобахидзейы ныхасмæ гæсгæ, ай у иттæг нысаниуæгджын стратегион объект, кæцы Кавказы æмæ Централон Азийы базарадон змæлды фæтыхджындæр кæныны сæйраг роль æххæст кæндзæн.
«Тбилисы хус наулæууæн арæзт цæуы æртæ фазæйæ 28,5 гектары фæзуатыл, фыццаг фазæ ныридæгæн скуыста, 21 милуан АИШ доллары инвестицийæ, æмæ ацы фыццаг фазæйы фæуды фæстæ афæдзы дæргъы 100 000 контейнеры бакусын уыдзæн гæнæн. Иннæ фазæты фæуды фæстæ йæ хъомыс фæфылдæр уыдзæн 200 000 контейнеры. Ай у иттæг нысаниуæгджын стратегион объект, кæцы бафтыд нæ бæстæмæ, æмæ ацы объект, нæ денджызон порттимæ иумæ, куыд Поты, Батумы, фæстæдæр та Анаклийы порттимæ иумæ, сæйраг роль æххæст кæндзæн Кавказы æмæ Астæуккаг Азийы регионы базарадон цыд фæтыхджындæр кæныны хъуыддаджы», -расидтис премьер-министр.
Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, уый æрмæст Гуырдзыстоны порттæн нæ лæггад кæндзæн, фæлæ ма лæггад кæндзæн куыд контейнерон центр æмæ депо æхсæнадæмон науон хаххытæн.
«Уый зынгæ фæхуыздæр кæндзæн контейнерты ласæн æмæ змæлды операцитæ, уæлдайдæр та уæзтæн, кæцытæ ласт цæуынц Китайæ æмæ Дард Скæсæнæй «Астæуккаг къæлидоры» уылты. бузныг зæгъын инвестортæн – Абу-Дабийы наулæууæнты къордæн, нæ партнертæн Иугонд Араббаг Эмираттæй, афтæ дæр норвегиаг «Вильгельмсены портон лæггæдтæн», бынæттон компани «Инвекойæн», æппæт инженертæн æмæ аразджытæн, кæцытæ сæ хайбавæрд бахастой ацы иттæг нысаниуæгджын проекты реализацийæн Ацы проект у стыр къахдзæф размæ нæ бæстæйæн, йæ экономикон размæцыды фæндагыл, цæмæй регионалон размæцыды фæдыл ацы хъуыддаг ноджы фæтыхджындæр кæндзæн. бæстæйы бастдзинады æмæ транзитон функци, кæцы ифтонг кæны нæ бæстæйы трансформаци регионалон центрмæ», -расидтис премьер-министр.