Ираклий Къобахидзе Швецийы æхсæнадæмон райрæзты æмгуыстады æмæ æддæ базарады министримæ фембæлдис
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Швецийы Паддзахады æхсæнадæмон райрæзты æмгуыстады æмæ æддæ базарады министр Иохан Форселимæ фембæлдис.
Фембæлдыл ныхас уыд дыууæфарсон ахастытыл, кæцы рахатинаг фæстиуджытæ æрхаста куыд политикон афтæ базарадон-экономикон, хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады, ахуырады æмæ культурæйы сферæты.
Ныхасы иуæй-иу темæ уыд закъонопроект «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл»ю премьер банысан кодта, цæмæй закъонопроектæн йæ нысан у æнæхицауадон организациты æмæ æмбæлгæ медиафæрæзты æрдгæй афæдзы мидæг иу хатт финансон декларациты бавдисын, кæцы Гуырдзыстоны паддзахады суверенитеты сфидарæн ахъаззаг уыдзæн.
Фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис регионы уæвæг æдасдзинады æрдгæй расидтытæм æмæ Гуырдзыстоны европаг интеграцийы процессмæ. Премьер-министр бахахх кодта ацы фæндагыл Гуырдзыстоны хицауады тыхархайд æмæ ныгуылæйнаг партнерты æххуысы нысаниуæг.
Информаци хъусын кæны премьер-министры, пресскуыст.