Ираклий Къобахидзе Шаорийы лагеры фембæлд фæсарæнты цæрæг гуырдзиаг диаспорæйы  фæсивæдимæ
Ираклий Къобахидзе Шаорийы лагеры фембæлд фæсарæнты цæрæг гуырдзиаг диаспорæйы фæсивæдимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе фембæлд фæсарæнты цæрæг гуырдзиаг диаспорайы æрыгон минæвæрттимæ, кæцытæ Гуырдзыстоны хицауады финансон æххуысæй Шаорийы фæсивæдон лагеры улæфынц.

Хицауады сæрдар фæсивæдимæ фæныхас кодта Гуырдзыстоны хицауад сабырад бахъахъхъæныны, экономикæйы размæцыды æмæ рухсады системæйы реформæйы æрдгæй цы къахдзæфтæ сарæзта, афтæ дæр фидæны плæнтты фæдыл фæныхас кодта.

Лагеры хайадисджытæм Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Бочъоришвили Мака, ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министр Микъанадзе Гиви æмæ диаспорæйы æмæ Кавказы фарстаты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Ираклий Заркуа раныхас кодтой.

Фембæлд ацыд фарста-дзуаппы хуызы.

Лагерь «Шаори»-йы Германи, Испани, Австри, Турк æмæ Канадæйæ гуырдзиаг диаспорæйы æрыгон минæвæрттæ суазæг кæнынц.

Фондзбонон лагеры программæйы рæстæджы фæсивæдæн фадат ис алыгъуызон ахуырадон, спортивон æмæ зонынадон мадзæлттæй архайынæн. Ахуыр сæ кæнынц алыгъуызон актуалон темæтыл.

Шаорийы лагерь 2025 азы æдæппæтæй суазæг кæндзæн 800 æвзонг адæймаджы.