Ираклий Къобахидзе, Шанхайы мэримæ фембæлд
Ираклий Къобахидзе, Шанхайы мэримæ фембæлд

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе, Шанхайы мэр Къунг Чъенимæ фембæлд. Информаци хицауады администраци парахат кæны.

Премьер -министр, Шанхайы мэрæн, Гуырдзыстоны делегациæн сфысымæн бузныг расидтис æмæ бахахх кодта Китайы æппæтдунеон импорты райтыгъды кадджын уазæгы статусæй, Гуырдзыстоны хайадисты ахсджиаг нысаниуæгдзинад.

Хъусдард сцырын ис Гуырдзыстоны æмæ Китайы æхсæн уæвæг æрдхордон æммахастытыл æмæ, æндæр æмæ æнæр сфераты æнтыстджын æмахастытыл.

Премьер, Шанхайы мэрæн бузныг расидтис æрхуынды фæдыл.

“Махæн нысаниуæгджын у, цæмæй къухбаххæсинаг æмæ практикон фæстиуджытæм баххæссæм дыууæфарсон æммахастыты. Махæн нысаниуæгджын у импорты æппæтдунеон райтыгъды хайадист, уымæн æмæ политикон æмкуысдзинадимæ иумæ, стыр хъусдард цырын кæнæм экономикон æмахастытыл. Тынг æхсызгон мын у,  Гуырдзыстон æмæ Китайы  интенсивон базарадон-экономикон ахастытæ кæй бæттынц.

Шанхайы мэр хъусдард сцырын кодта Китай æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  уæвæг  æммахастытыл.

“Дипломатион æммахастыты сфидары бонæй, нæ бæстæтæ алы хатт кад кодтой æмæ æууæндыдысты кæрæдзийыл, цæй фæстиуæг дæр нæ стратегион партнерад абон размæцыды позитивон этапыл ис. Президент Си Дзинпин куыд банысан кодта, Хъавелашвилиймæ æрвыст арфæйы фыстæджы – Китай цæттæ у  адаргъ кæна Гуырдзыстонимæ куыст, цæмæй ноджы фæарфдæр уа нæ традицион æрдхорддзинад æмæ дыууæфарсон æфтиагджын æмкуыстдзинад. Афтæ дæр Китай -Гуырдзыстоны  æмахастыты фæарфдæр дыууæ адæмы хæрзбонæн. Китай, Гуырдзыстонимæ æрдхорддзинадæн алы хатт стыр нысаниуæгдзинад лæвæрдта. Растдæр уый бæлвырдгæнæг у  уый дæр, цæмæй Шанхай æмæ Тбилис æрдхорд горæттæ кæй сты. Уый махæн дæтты фадат,  æфтиагджын æмæ прогматон æмкуыстдзинады фæарфдæрæн” – расидтис Кунг Чъунг.