Ираклий Къобахидзе – Сæрмагонд нысаниуæг хъуамæ раттæм ахуырады реформæйæн. Фаг ахуыргонд æхсæнады æнцондæр у большевизмы, фашизмы æмæ либералон фашизмы идеологи парахат кæнын
Абон мах фидар кæнæм уæлдæр ахуырады реформæйы концепци. Ацы реформæйы нысан у, цæмæй гуырдзиаг студенттæ райсой Гуырдзыстоны университетон ахуырады сеппæтæй бæрзонддæр стандарттæ – – расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе абоны хицауады рабадтыл.
Къобахидзейы ныхасмæ гæсгæ, ахуырады реформæйæн хъуамæ раттой сæрмагонд нысаниуæг, уымæн æмæ бæстæйæн алкæмæй тæссагдæр у ахæм æхсæнад, кæцы фаг æмæ æвзæр ахуыргонд у.
«Ахуырад комкоммæ баст кæй у националон æдасдзинадимæ, уый хорз æмбæрстой уыцы тыхтæ, кæцытæ 9 азы дæргъы нæ бæстæйы ахуырады системæ æнæбары фæлæмæгъдæр кодтой. Ахуыргонд æхсæнадæн йæ бон у йæхи бæстæйы националон интерестæ, хæдбардзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнын. Уый зыдтой нæ бæстæйы фыдвæндджытæ æмæ, уымæ гæсгæ, 2004-2012 азы сæрмагондæй фæлæмæгъдæр сты ахуырады системæйы фехæлд, куыд уæлдæр ахуырад, афтæ иумæйаг ахуырад дæр.
Райсом ахуырады министр рахæсдзæн иумæйаг ахуырады концепци. Ахуырады реформæ йæ мидисмæ гæсгæ хъуамæ уа вазыгджын, æмæ ацы реформæимæ иумæ иттæг нысаниуæгджын у уыцы реформæ, кæцы æххæстгонд æрцæудзæн иумæйаг ахуырады секторы. Ай фæдыл деталон информаци ахуырады министр райсом æхсæнадæн базонгæ кæндзæн», -расидтис Ираклий Къобахидзе.