Ираклий Къобахидзе  Ромы Пап Лео  XIV- ыл фембæлд
Ираклий Къобахидзе Ромы Пап Лео XIV- ыл фембæлд

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Ромы Пап Лео XIV- ыл фембæлд.

Гуырдзыстоны хицауады информацимæ гæсгæ, премьер-министр, Гуырдзыстоны хицауады æмæ гуырдзиаг адæмы номæй ноджы иу хатт раарфæ кодта Ромы Пап Лео XIV-æн католикон аргъуаны сæргълæууæгæй сæвзæрсты фæдыл æмæ расидтис ныфс, цæмæй йæ фыццаг визит Ватиканмæ премьер-министры рангы, йæ къух сараздзæн Гуырдзыстон æмæ Ватиканы  æхсæн æммахастыты ноджы фæтыхджындæр кæнынæн.

«Ромы Папимæ нын уыд тынг цымыдисон ныхас. Махæн тынг нысаниуæгджын у Ватиканы, Папы фарсылхæцындзинад.   Хæдбардзинады сног  бонæй фæстæмæ уыцы фарсылхæцындзинад тынг нысаниуæгджын, цæй тыххæй бузныг сидын  Папæн. Уæлдай нысаниуæгджын у нæ суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинад Ватиканы æрдыгæй, Афтæдæр ныхас кодтам нæ бæстæйы ныртæккæйы цауты æмæ æвзæрстытыл. Бæстæ æмæ нырыккон дунейы, уый нымæцы чырыстон аргъдзинæдты сæраппонд тохы тыххæй дæр тынг цымыдисон ныхас уыд»-расидтис Ираклий Къобахидзе.