Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Брюсселы фембæлдтæ дарддæр кæны. Хицауады сæрадр европарламенты президентРОберта Меццолаимæ фембæлдис.
Фарсытæ Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл, Гуырдзыстоны прогресс схатдзæг кодтой, афтæма афæлгæстой Евроцæдисмæ Гуырдзыстоны интеграци сифтонг кæнынæн сæххæст æмæ цæугæ мадзæлттæ.
Премьер-министр Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттыны нысаниуæгыл фæныхас крдта æмæ банысан кодта, цæмæй йæ къухдариуæгæй Гуырдзыстоны хицауад бæстæйы евроцæдисы уæнгсуæвыны процессы дарддæры прогрессмæ баххæссынæн куыст дарддæр кæны.
Ираклий Къоахидзе бахахх кодта Евроцæдисы Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны процессы европарламенты ролы æмæ йæ фарсхæцыны нысаниуæг. Фарсытæ Гуырдзыстоны æмæ европарламенты æхсæн уæвæг æмгуыстады динамикæйæн аргъ скодтой æмæ партнерады стынг кæнынмæ цæттæдзинад равдыстой.
Фембæлдыл Ираклий Къобахидзе æмæ Роберта Меццола æркастысты регионы æмæ Дунейы уæвæг æдадсзинады расидтытæ æмæ сæ алыгы фæнадæгтыл фæуынафæ кодтой. Акцент арыхт уыд оккупацигонд Гуырдзыстоны регионы уæвæг уавæрыл.
Ираклий Къобахидзе Европарламент преиздентæн Гуырдзыстоны Европаг æмæ евроатлантикон тырнандты, афтæма Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзнады æнæцудгæ фархæцынæн бузныг загъта.
Информаци публикаци кæны премьер-министры пресскуыст.