Ираклий Къобахидзе пысылмон æхсæнадæн Хъуырман Байрамы бæрæгбон раарфæ кодта
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе пысылмон æхсæнадæн Хъуырман Байрамы бæрæгбон раарфæ кодта.
Хицауады сæргълæууæг дины хъуыддæгты паддзахадон агентады сæрдаримæ иумæ бæрæгбоны фæдыл Тбилисы мæзджыты бабæрæг кодта.
Хицауады Сæрдар æрдзырдта бæстæйы рæзтмæ пысылмон æхсæнады нысаниуæгджын хайбавæрды тыххæй æмæ банысан кодта, фидæны дæр сын паддзахад кæй æххуыс кæндзæн.
«Нæ бæстæ сæрыстыр у куыд йæ националон, афтæ дæр динон алыхуызондзинадæй. Тынг сæрыстыр стæм уыцы ахастытæй æмæ хæлардзинадæй, кæцытæ не ‘хсæн сырæзтысты. Уый тыххæй тынг къæрцхъус стæм æмæ фидæны дæр уыдзыстæм къæрцхъус. Гуырдзыстоны хицауад максималонæй хъахъхъæны пысылмон æхсæнады интерестæ æмæ уый дарддæр дæр адарддæр уыдзæн фидæны дæр. Къобахидзе.
Мæзджыдыл æрымбырдуæвæг пысылмон æмбырдæн Хъуырман Байрамы бæрæгбон раарфæ кодтой дины хъуыддæгты паддзахадон агентады сæрдар Заза Вашакмадзе, ныгуылæн Гуырдзыстоны муфтий Этибар Эминов, Гуырдзыстоны муфтий Этибар Эминов æмæ Гуырдзыстоны пысылмæтты шейх Фаиг Набиев раарфæ кодтой. Дипломатон корпусы минæвæрттæ Хъуырман Байрамы куывды уыдысты.