Ираклий Къобахидзе – парламентон резолюцийæ ноджы иу хатт фæбæрæг уый, цæмæй нæ политикæ, кæцыйыл æнцой уыд премьер-министры сидт, - æнæивгæ у
Абон Гуырдзыстоны парламенты сбæлвырдгонд резолюцийæ ноджы иу хатт фæбæрæг ис, цæмæй нæ политикæ, приоритеттæ, принциптæ æмæ хæзнатæ, кæцытыл бындурæвæрд уыд премьер-министры фидиуæн дæр, – æнæивгæ сты – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Ираклий Къобахидзе парламенты æрдгæй Арчил Татунашвилимæ гæсгæ резолюцийы сбæлвырды фæстæ уагъд брифингыл райхъусын кодта.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдары фидиуæнæй, Гиорги Квирикашвилийы сидт, кæцыйæ ноджы иу хатт разагъд æрцыд Уæрæсейы Федерациимæ диалогмæ цæттæдзинад, Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты аскуыддзагмæ гæсгæ, оппонентты æрдгæй æнæраст интерпретацийы æмæ спекуляциты объектæй æссис.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, парламент цы резолюци сбæлвырд кодта Уæрæсейы æрдæм Гуырдзыстоны хицауады прагматон политикъæйы ноджы иу равдыст у. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауадмæ зæгъгæ, Уæрæсейы æрдæм ис тынг дырыс сырх хаххытæ.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар бузныг загъта депутаттæн, кæцытæ резолюцийæн схъæлæс кодтой.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын алкæцы депутатæн – парламентон фылдæрты æмæ парламентон къаддæрдæрты минæвæртæн, чидæриддæр схъæлæс кодта парламентон резолюцийæн æмæ мæ фæнды уырнынад равдисын, цæмæй резолюцийы фиксиргонд нæ националон нысæнттæ æмæ хæстæ, æнæмæнгæй кæй сæххæст уыдзысты уый фæдыл» – загъта Ираклий Къобахидзе.