Ираклий Къобахидзе - Ныфс нæ ис, цæмæй хæлар бæстæты æнцойады руаджы, Гуырдзыстон фæфидардæр кæндзæн националон сæрибардзинад, æмæ суыдзæн евро-атлантикон æмгарады æххæстбарджын уæнг
Мæнæн стыр кад у, нæ бæстæйы хæлæртты, нæ æрдхорд бæстæты минæвæртты райсын ам, Гуырдзыстоны демократийы уæзæгы – Гуырдзыстоны-парламенты – ахæм ныхæстæй райдыдта йæ раныхас Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе, тымбыл фынг «Сабырад æмæ æдасдзинадæн –Уæрæсе-Гуырдзыстоны 2008 азы хæстæй 10 азы фæстæ»-ы фæлгæтты уагъд фембæлдыл.
Ираклий Къобахидзе куыд банысан кодта, афтæмæй, парламент уыдис уыцы бынат, цы ран гуырдзиаг адæмы егъау тыхархайды руаджы сæххæст ис бæстæйы хæдбардзинады идея.
«Парламенты сæвзæрд демокративон хицауиуæг æмæ райтынг ис Гуырдзыстоны паддзахаддзинады нырыккон системæ. Парламент у сегасæй фидар æнцой гуырдзиаг парламент демократийæн, кæцы у гуырдзиаг адæмы сæрибарзинады æмзæрдæ, куыд бæстæйы мидæг – афтæ æхсæнадæмон аренæйыл.
10 азы размæ, августы бонты, парламенты бæстыхайы размæ æрымбырд сты нæ хæлар бæстæты сæргълæуджытæ, цæмæй равдыстаиккой протест Уæрæсейаг агрессийæн. Уæ бæстæты лидерты хæддых протест, æхсæнадæмон æмгарады мобилизаци скодта Гуырдзыстонæн фарсхæцыны æмæ махæн, Гуырдзыстоны цæрджытæн, ратта ныфс, цæмæй нæ сæрибардзинад æмæ националон хæдбарад аирвæздзæн. Фæнды мæ бузныг зæгъын нæ хæлар бæстæтæн, сæ æххуыс æмæ æнцойады тыххæй. Уæ æххуыс тынг нисаниуæгджын у хæсты фæстæ, оккупаци æмæ быргæ анексийы уавæрты, Гуырдзыстоны рæзынад æмæ размæцыдæн», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг азты мидæг, сырæзт даргъ къахдзæфтæ Гуырдзыстоны Евроцæдлисимæ интеграцийы æрдæм, кæцы æрхаста рæзгæ экономикон æмгуыстад, æнæвизæ режим Европæйы бæстæтимæ æмæ Евроцæдисимæ стратегион æмгуыстад.
«Ныфс нæ ис, цæмæй хæлар бæстæты æнцойады руаджы, Гуырдзыстон фæфидардæр кæндзæн националон сæрибардзинад, сæндидзын кæндзæн иудзинад æмæ суыдзæн Европæйы æмæ евро-атлантикон æмгарады æххæстбарджын уæнг», – бафтыдта ма Ираклий Къобахидзе.