Ника Мелиа йæхи йæхæдæг æрцахста, – уый фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы лæвæрд брифингыл партийы сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Ираклий Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ абон 23 февралы, Сырх Армийы бон, сырх партийы большевиктæ ноджы иу хатт фæбыцæу сты гуырдзиаг паддзахадмæ. Фæлæ афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ, зæгъгæ сбæлвырд ис, цæмæй нырыккон необольшевиктæ – гуырдзиаг паддзахадæн ницы ракæндзысты.
«Ай у паддзахад. Ай у барадон паддзахад, паддзахад кæцы цыт кæны сæрмагонд намысæн, барады сæйрагдзинадæн, закъоны сæйрагдзинадæн.
Никанор Мелиайы тыххæй куы зæгъæм – уымæ нæкæсгæйæ æмæ уый хицæн кодта, тагтæрхоны барады æвзагæй куы зæгъæм, сæрмагонд æхсæнадон тасæй æмæ цæттæ уыд алцыппæт йæ сæрмæ схæссын, сæрмагондæй та хицаудзинад æрыздахыны уавæрты, кæцыфæнды адæймагы ахст, кæй зæъын æй хъæуы, у риссаг.
Фæлæ Никанор Мелиайы тыххæй уын бакой кæндзынæн (æрмæст факттæ):
Хицауады уæвыны периоды, политтикон мотивæй, 2012 азы фæкъотри кодта хицæн банк (ацы фыдракæндæн уый банымадтой тугтæрхоны барады фыдгæнæгыл);
2019 азы организаци кодта Гуырдзыстоны парламенты бæстыхаймæ лæбурдæн æмæ пъæлицæйæгты ныхмæ тыхмидзинадæн;
Парламентон æвзæрстыты фæстæ организаци кодта ЦÆК-ы бæстыхаймæ лæбурдæн æмæ пъæлицæйæгтыл тыхмидзинадæн;
Уыдис парламенты саботажы ицæй-иу сæйраг инициатор;
Паддзахадмæ æрвылбойнонæй æртхъирæн кодта уымæй, цæй архайды тыххæй дæр йын бавдыстæуыд аххосаг – тыхон революцийæ;
Демонстрационæй аппæрста электронон цонгдарæн, цæмæй дæр бафхæрдта паддзахад;
Стæрхон йын ис цъынды бафидын, кæцы нæ бафыста дыууæ мæйы дæргъы, цæмæй дæр ноджы иу хатт бафхæрдта падзахад;
Æрмæст уый фæстæ, йæ схорзæхджын кодтой алы криминалон æмæ радикалон архæйдтыты тыххæй æмæ йæ снысан кодтой Националон Змæлды формалон сæрдарæй;
Прокуратурæйы æрдгæй цъынды бафидыны кæройнаг æмгъуыд снысаны фæстæ, ноджы иу хатт бафхæрдта паддзахад æмæ райхъусын кодта: «Нæ бафиддзынæн, ме рцахсын уын нæ бантысдзæнис».
Нæ бафыста, æрцахстой йæ, растдæрæй та йæхæдæг æрцахста йæхи», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ хъыгаг у, цæмæй Хæдбардзинад Ногæй рацарæзтæй 30 азы сæрыл, хицауады ноджы иу хатт бахъуыд, «Антипаддзахадон тыхтимæ уый бæлвырд кæнын, цæмæй ай у паддзахад».