Ираклий Къобахидзе - нæу нысаниуæгджын, чи аразы тыхмидзинад, фæнды хуымæтæг æмбæстаг уа æви барадхъахъæнæг, закъон алкæй ныхмæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуа
Уæлдай нæу, тыхмидзинад чи аразы, хуымæтæг æмбæстаг уа æви барадхъахъхъæнæг органты бæвар. Закъон алкæй ныхмæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуа – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе расидтис.
Хицауады сæрдар дзуапп лæвæрдта фарстæн, кæцы хауы æхсæз адæймаджы ахстмæ официалон бартæй тызмæгæй спайда кæныны факты тыххæй.
«Цæмæй ахæм тыхмидзинад ма райса, суанг потенциалонæй, системон характер, уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ уыд абоны дзуапп, кæцыйы æхсæнад федта. Растдæр уый тыххæй, æмæ паддзахад уыцы рæстæджы ахæм хуызы хæлдтытæн дзуапп нæ лæвæрдта, мах федтам, раздæры хицауады рæстæджы æнæбарыдзинад кæй рæзыд. формæ Нæй нысаниуæгджын, чи аразы тыхмидзинад, хуымæтæг æмбæстаг уа æви барадхъахъæнæг уагдоны минæвар, алкæй ныхмæ дæр хъуамæ æххæстгонд æрцæуа закъон» – расидтис премьер-министр.