Ираклий Къобахидзе – нæ нысан у ахæм уавæр саразын, цæмæй полицийы кусджытæ æнкъарой хъахъхъæд, разæнгард æмæ ноджы фылдæр аргъгонд, иумæйагæй сараздзыстæм ноджы æдасдæр æмæ рæстагдæр паддзахад.
Ираклий Къобахидзе – нæ нысан у ахæм уавæр саразын, цæмæй полицийы кусджытæ æнкъарой хъахъхъæд, разæнгард æмæ ноджы фылдæр аргъгонд, иумæйагæй сараздзыстæм ноджы æдасдæр æмæ рæстагдæр паддзахад.

Абон мæ фæнды стыр бузныг зæгъын зынгхуыссынгæнджытæн, кæцытæ æхсæнады стыр уарзондзинад, æууæнк æмæ цытæй хайджын сты – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе полицийы кусæджы бонмæ гæсгæ цытджын мадзалы ныхасы рæстæджы расидтис.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, пъæлицæйæгтæ цыфæнды рæстæджы дæр цæттæ сты, суанг сæхи царды аргъæй дæр, нæ  æмбæстæгты æдасдзинадыл бахъахъæнын.

« Ныгуылæн Гуырдзыстоны æрдзон катастрофæйы рæстæджы, уæд зынгхуыссынгæнджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ сæ бонæй архайдтой æмбæстæгтыл аудынæн.

Гуырдзыстоны хицауад æнæрлæугæйæ кусы Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады фæтыхджындæр кæныныл, нырыккон технологитæй сифтонг кæныныл, кусджыты социалон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Нæ нысан у ахæм уавæр саразын, цыран алы пъæлицæйы кусæг дæр йæхи æнкъара æдас, разæнгард æмæ ноджы фылдæр аргъгонд.

Иумæйагæй сараздзыстæм ноджы æдасдæр æмæ рæстагдæр паддзахад, цыран барады уæлдæрдзинад æмæ æмбæстæгты хæрзиуæг уыдзысты сæйраг аргъдзинæдтæ.

Не ‘мбæстæгтимæ иумæ, сæрыстыр стæм сымахæй, сæрыстыр стæм гуырдзиаг полицийæ, сæрыстыр стæм алы хъайтар полицийы кусæгæй.

Уырны мæ, цæмæй фидæны дæр хъахъхъæндзыстут сеппæтæй бæрзонддæр стандарттæ æмæ дарддæр дæр уыдзыстут нæ бæстæйæн æдасдзинад æмæ рæстады æууæнкджын цæджындз.