Ираклий Къобахидзе – нæ иумæйаг рард у, фæкъаддæр кæнæм Гуырдзыстоны наркотиктæй пайдакæнынад
Гуырдзыстоны парламенты наркополитикæйы фарстыл уынаффæйы баст уыдзæн алы интересдарæг уæнг – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, Партиархы эпистолæйы сæйраг æрвитæггæгтæ наркополитикæйыл куысты рæстæджы зæрдалдард уыдзæн æнæмæнгæй.
«Мах активон куыст кæнæм наркополитикæйыл. Ныфсджын дæн, алкæмæн дæр нын ис иумæйаг рард – фæкъаддæр кæнæм Гуырдзыстоны наркотктæй пайдакæнынад. Ай у номыр фыццаг рард æмæ афтæдæр хъуамæ уа хъахъæд адæймаджы бартæ наркополитикæйы фæлгæтты. Ай у нæ сæйраг нысан. Сæйраг у, мах сразы уæм цæмæй цы фæндæгтæй баххæсдзыстæм ацы нысæнттæм æнцонтæй.
Æнæмæнгхъæугæ у бакуыстæуа ахæм наркополитикæ, кæцы æрыгонты баиргъæвдзæн æмæ сæвзæрын кæндзæн æппæрццаг ахаст ацы уæззау рыны æрдæм – уый фæдыл дзырдæуы Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы цыппурсон эпистолæйы.
Эпистолæйы дзырдæуы, цæмæй адæймаг архайы, йæхи аиуварс кæна ацы реалондзинадæй фæлæ, рæдыды æфтыд адæймаг фенхъæлы цæмæй йæ фервæзт ссардзæн наркотиктæй пайдакæнынады, цæмæй дæр йæ уавæр фыддæрæй фыддæрдæр кæны.