Ираклий Къобахидзе хъусын кæны, цæмæй политикон фарсыты æхсæн бадзырдты фæстаг раунд сом ацæудзæн
Парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» æххæстгæнæг нымæрдар, Ираклий Къобахидзейы информацийæ, политикон фарсыты æхсæн сом бадзырдты фæстаг раунд ацæудзæн, уымæн æмæ 11 декабры дæсæм æрсидты парламенты фыццаг рабадт у.
Абон пресс-конференцийыл Къобахидзе куыд райхъусын кодта уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ цымидисон дискусситæ ацыд æвзарæнон реформæмæ гæсгæ, æмæ лæмбынæг разы уыд æмæ йæм ныфс ис, фæстагмæ сразы кæндзысты позицитæ æвзарæнон реофрмæйы фæдыл.
Ацы рæстæджы «Гуырдзиаг Бæллиццы» æххæстгæнæг нымæрдары фидиуæнæй, зæгъгæ нæрайсгæ у уынаффæ, ома парламентон фылдæртæ парламентон мандатты куырдиаты бындурыл бауромдзæн алы уыцы депутаттæн, чидæриддæр парламентмæ фæнысангонд куырдиат бавдисдзæн.
«Уымæй уæлдай ма, паддзахад сфинанс кæндзæн æмæ æндæр æмбæлгæ привилегитæ нæ уыдзæн уыцы партитæн, кæцытæ парламенты нæ уыдзысты» – райхъусын кодта парти «Гуырдзиаг Бæллицц –дЕмократон Гуырдзыстоны» æххæстгæнæг нымæрадр Ираклий Къобахидзе партийы офисы брифингы рæстæджы.
Оппозици 31 октябры Гуырдзыстоны ацæугæ парламентон æвзæрстыты фæстиуджытимæ нæ разы кæны æмæ парламентон мандатты нæзагъд кæны. Политикон кризисæй рацæуæн ссарынæн АИШ-ы æмæ Евроцæдисы минæвæртты æхсæны бацыдæй цæуынц бадзырдтæ. Оппозицийы сæйраг æркуырд уæлрадон æвзæрстытæ ауадзын у. Фылдæры хай та хъусын кæны, цæмæй уæлрадон æвзæрстытæ ауадзыныл нæ хъуыды кæны.