Ираклий Къобахидзе Казахстаны парламенты дæллаг палатæйы сæрдаримæ фембæлд
Ираклий Къобахидзе Казахстаны парламенты дæллаг палатæйы сæрдаримæ фембæлд

Ираклий Къобахидзе Казахстаны парламенты дæллаг палатæйы сæрдар Эрлан Кошановимæ фембæлд.

Фембæлдыл ныхас цыд Гуырдзыстон æмæ Казахстаны æхсæн хæларадон ахастытыл, афтæ дæр æндæр æмæ æндæр сферæты партнерады фæдыл. Банысан æрцыд дыууæ бæстæйы закъондæттæн органты фæстиуæгджын æмархайд æмæ йæ дарддæры рауæрæхдæр кæныны перспективæтæ.

Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд базарадон-экономикон бастдзинæдты рæзгæ импульсмæ, транспорт æмæ логистикæйы æмархайдмæ, стæй Астæуккаг къæлидоры ахадындзинадмæ.

Премьер афтæ дæр фæныхас кодта уыцы къахдзæфтыл, кæцытæ сарæзтой Гуырдзыстоны хицауад сабырад парахат кæнынæн æмæ бузныг расидтис Казахстанæн бæстæйы територион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн йæ фарсылхæцындзинады тыххæй.