Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны Израилы паддзахады ног снысангонд минæвар Валид Абу Хаяимæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны Израилы паддзахады ног снысангонд минæвар Валид Абу Хаяимæ фембæлд.
Базонгæгæнæн фембæлдыл хицауады сæргълæууæг раарфæ кодта минæварæн йæ дипломативон миссийы райдайæны фæдыл æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ.
Фембæлдыл бахахх кодтой Гуырдзыстон æмæ Израилы æхсæн æнусон хæлардзинад æмæ æнгом партнердзинад. Ныхас цыд алы фадгуыты бастдзинæдтæ дарддæр фæарфдæр кæныны фадæттыл. Ныхасы цыд базарадон-экономикон бастдзинæдтæ фидардæр кæныныл æмæ туризмы æмгуыстады нысаниуæгыл.
Æргом аздæхтой Æввахс Скæсæны ныртæккæйы уавæрмæ. Хицауады Сæргълæууæг бахахх кодта æнæфæцудгæ сабырад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны ахсджиагдзинад.