Ираклий Къобахидзе Францы парламенты националон ассамблеайы æттаг æмахастыты комитеты рабадтыл ныхасæй рацæудзæн
Ираклий Къобахидзе Францы парламенты националон ассамблеайы æттаг æмахастыты комитеты рабадтыл ныхасæй рацæудзæн
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзе Францы парламенты дæллаг палатайы националон ассамблеайы æттаг æмахастыты комитеты рабадтыл ныхасæй рацæудзæн. Уый фæдыл фыццаг къаналы журналист Францæй сиды.
Ираклий Къобахидзе 20 минутон ныхасæй рацыды хъусдард сцырын кæндзæн бæстæйы æттаг политикайы приоритеттыл æмæ мид политикон фарстатыл. Ныхасæй рацыды фæстæ та парламенты сæрдар депутатты фарстатыл ратдзæн дзуапп.
Гуырдзыстоны парламенты фылдæры хайы уæнг Гиоргий Къахиани расидтис, цæмæй парламенты сæрдары ныхасæй рацыдæй националон ассамблеайы уæнгтæн уыдзæн фадат базонгæ уой Гуырдзыстоны уæвæг политикон уавæры фæдыл.
Афтæ дæр Ираклий Къобахидзе фæныхас кæндзæн окупиргонд регионты уæвæг ситуацийыл, уыцы зындзинæдтыл æмæ проблематы фæдыл, кæцытæ уыцы регионты ис.