Ираклий Къобахидзе фембæлд Китайы минæвар, Чжоу Цяньимæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд Китайы минæвар, Чжоу Цяньимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны Китайы Адæмон Республикæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Чжоу Цяньимæ фембæлд. Информаци хицауады администраци парахат кæны.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, фембæлдыл премьер-министр ноджы иу хатт тæфæрфæс расидтис минæварæн Китайы æрцæугæ æвирхъау зæххæнкъуысты тыххæй, кæцы бирæ адæймаджы цард ахаста æмæ цæфгондтæн йæ цæст бауарзта тагъд рæстæджы сдзæбæх уæвын.

«Ныхас баххæссыд Гуырдзыстон-Китай стратегион партнердзинады бадзырды нысангонд сферæты æмкуысткæнынадмæ æмæ базарадон-экономикон бастдзинæдты размæцыды позитивон динамикæмæ».

Банысангонд æрцыд, цæмæй сæрибар базарады бадзырд æмæ æнæвизæйон змæлд, афтæ ма адæмы æхсæн бастдзинæдтæ æвдисынц хорз фадат дывæрсыг ахастыты дарддæры рæзтæн. «Фарсытæ сбæлвырд кодтой сæ цæттæдзинад ноджы фæтыхджындæр кæнын фæстиуæгыл ориентиргонд æмгуыстад», – ис фыст информацийы.