Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Азербайджаны республикæйы президент Ильхам Алиевимæ фембæлд. Загулбайы галуаны уагъд æнæкомкоммæ фембæлды рæстæджы, Азербайджаны республикæйы президент Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæгæн раарфæ кодта парламентон æвзæрстыты хицаугæнæг командæйы уæлахиздзинады фæдыл æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ.
Хъусдард æрцыд Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны республикæйы æхсæн стратегион партнердзинадмæ, афтæ дæр регионалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм проекттæм, кæцыты Гуырдзыстон æмæ Азербайджан иумæйагæй реализаци кæнынц.
Банысан ис æнтыстджын æмкуыстдзинад экономикæйы, транспорты æмæ энергетикæйы фадгуыты, афтæ дæр банысан кодтой бастдзинады нысаниуæг æмæ Гуырдзыстоны роль ацы æрдæм.
Гуырдзыстоны премьер-министр бузныг расидтис Азербайджаны республикæйы президентæн гуырдзиаг делегацийы бæрзонд æмвæзадыл фысым кæныны тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй дыууæ бæстæйы æхсæн партнердзинадæн ис тынг фидар бындур.
Уæлдай тынгдæр бахахх кодтой Цæгат Кавказы сабырдзинад æмæ æдасдзинады ахсджиагдзинад. Премьер ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны цæттæдзинад регионы сабырад æмæ стабилондзинад сифтонг кæнынæн дарддæр кæна йæ хайбавæрд.