Ираклий Къобахидзе фембæлд Евросоветы парламентон ассамблейы цæстдарæг комитеты уæнгтимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Евросоветы парламентон ассамблейы цæстдарæг комитеты уæнгтимæ фембæлд.
Фембæлдыл ныхас цыд Гуырдзыстон æмæ Евросоветы æхсæн æнтыстджын æмкуыстдзинадыл, 26-æм октябры парламентон æвзæрстытыл, бæстæйы цæугæ процесстыл.
Премьер-министр делегацийы раз деталонæй фæныхас кодта алы уыцы фарстайыл, кæцытæ сæ цымыдис кæнынц, се æхсæн парламентон æвзæрстыты фæстæ политикон уавæр æмæ паддзахадон уагдæтты æрдыгæй процессæн къухдариуæг кæныны тыххæй цы къахдзæфтæ сарæзтой, уыдоныл.
Хицауады сæргълæууæг афтæдæр хъусдард аздæхта оппозицийы архайдтытæм паддзахадон системæйы саботаж кæнынмæ æмæ расидтис, цæмæй паддзахад æнæзивæгæй лæууы æмæ бæстæйы ахсджиагдæр институтты зонгæйæ фæлæмæгъдæр кæныны цыфæнды бафæлвæрд дæр æмбæлон дзуаппæй æмбæлдзæн.