Ираклий Къобахидзе фембæлд Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Азербайджаны æттаг хъуыдтæгты министр Джейхун Байрамовимæ фембæлд.

Премьер-министры пресс-куыстуаты информацимæ гæсгæ, фембæлдыл Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн стратегион партнердзинад æмæ хорз сыхаг ахастытæ  бахахх кодтой.

«Ныхас цыд иумæйаг инфраструктурон æмæ энергетикон проекттыл, банысан кодтой ацы проектты нысаниуæг Астæуккаг къæлидоры размæцыды.Хъусдард æрцыд базарадон-экономикон ахастытæм æмæ бæстæты æхсæн базарадон зилдухы рæзты позитивон тенденцитæм.

Ныхасы цыд регионы ныртæккæ цы уавæр ис, ууыл. Премьер ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны цæттæдзинад, диалог æмæ æмгуыстады фæрцы Хуссар Кавказы сабырад æмæ стабилондзинад сифтонг кæнынæн йæ хайбавæрд бахæсса», -ис фыст хъусинаджы.