Ираклий Къобахидзе - Евроцæдисмæ Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттыныл нæзагъдæн ницы æфсон ис
Евроцæдисмæ Гуырдзыстонæн кандидаты статусы раттыныл нæзагъды æфсон нæй, уæлдайдæр уыцы цауы, кæд кандидаты статус Украина æмæ Молдовæйæн ратдзæн, – уый фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар, Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Къобахидзе куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицаудзинады уавæртыбаххæссыд сегасдæр рахатинаг фæстиуæгмæ Евроцæдисимæ интеграцийы æрдгæй.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон алы æмбæлгæ параметртæй йæ фæстæ фæуагъдта иннæ дыууæ аппликант бæстæйы.
«Куыд æй зонут афтæмæй, радикалон оппозици дарддæр кæны æргомæй ныхас уый фæдыл, цæмæй Гуырдзыстон Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статусы аккаг нæу. Бæрæг куыд у афтæмæй, ахæм сигналтæй ныхас кæнынц уыдон фæсарæйнаг коллегæтимæ. Сæ нысан æмæ план у хуымæтæг: июны кæрон Гуырдзыстон, сæ хъуыдымæ гæсгæ, Украина æмæ Молдовæйæ хъауджы, ма хъуамæ райса Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статус, кæцы, сæ планмæ гæсгæ, расайдзæни мæстыдзинад æхсæнады, «Националон Змæлд» æмæ йæ сателлиттæ абцархайдзысты хицауады фæфæлдæхт æмæ Гуырдзыстоны хæстмæ баласын», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Йе мбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Украинайæн, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статусы раттын нысаниуæгджын политикон сигнал уыдзæн.
«Евроцæдисы æрдгæй Гуырдзыстонæн, Украина æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статусы раттын нысаниуæгджын политикон сигнал уыдзæн дыууæ цæстæнгасæй: фыццаг, уымæй Евроцæдис равдисдзæни солидарондзинад æртæ бæстæйæн, кæцыты территоритæ сты Уæрæсейы оккупацийы бын; æмæ дыккаг, кандидаты статус раттынæй, Евроцæдис хъусын кæны, цæмæй нæ тæрсы уырыссаг реакцийæ æмæ принципон позици æвдисы æртæ бæстæйæн фарсхæцыны фарстатйы. Цæй тыххæй ис гæнæн Евроцæдис пайдаджыныл банымайа ныхмæлæууæг сигналы айзæлын кæнын, уый бынтон зынæмбарæн у», – загъта Къобахидзе.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ «хæсты парти» æмæ йæ фæсарæйнаг лобисттæ ныфс нæ сафынц, цæмæй Гуырдзыстон кандидаты статус ма райса.
«Радикалты æмæ сæ фæсарæйнаг лобистты план у хуымæтæг, июны кæрон Гуырдзыстон, сæ хъуыдымæ гæсгæ, Украина æмæ Молдовæйæ хъауджы, ма хъуамæ райса Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статус, кæцы сæ планмæ гæсгæ расайдзæни мæстыдзинад æхсæнады, «Националон Змæлд» æмæ йæ сателлиттæ абцархайдзысты хицауады фæфæлдæхт æмæ Гуырдзыстоны хæстмæ баласын. Æхсæнадæн дæттæм дзырд, цæмæй ацы сценари дæр афтæ фæкъуыхцы уыдзæн, куыд сæ архæйдтытæ хицауад фæфæлдæхты фæдыл. Гуырдзыстон у паддзахад æмæ йын ис хицауад, кæцы нæ бæстæйы нæдæр змæстытæ æмæ нæдæр хæсты фадат нæ ратдзæн. Кæмæндæриддæр та ныхмæлæууæг нысæнттæ ис, уыдонæн æхсæнад æмæ хицауадæй уыдзæн æмбæлгæ дзуапп», – райхъусын кодта Къобахидзе.