Ираклий Къобахидзе -  Евроцæдисмæ Гуырдзыстонæн  кандидаты статус раттыныл  нæзагъдæн  ницы  æфсон ис
Ираклий Къобахидзе - Евроцæдисмæ Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттыныл нæзагъдæн ницы æфсон ис

Евроцæдисмæ Гуырдзыстонæн кандидаты статусы раттыныл нæзагъды  æфсон нæй, уæлдайдæр уыцы   цауы,  кæд  кандидаты статус Украина  æмæ Молдовæйæн  ратдзæн, –  уый фæдыл «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар, Ираклий Къобахидзе  райхъусын кодта.

Къобахидзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстон «Гуырдзиаг Бæллиццы»  хицаудзинады  уавæртыбаххæссыд  сегасдæр  рахатинаг фæстиуæгмæ  Евроцæдисимæ  интеграцийы  æрдгæй.

Афтæма  йæ  дзырдæй,   зæгъгæ Гуырдзыстон  алы æмбæлгæ  параметртæй  йæ фæстæ  фæуагъдта  иннæ  дыууæ  аппликант бæстæйы.

«Куыд æй зонут афтæмæй,   радикалон   оппозици дарддæр кæны æргомæй  ныхас уый фæдыл, цæмæй  Гуырдзыстон  Евроцæдисы  уæнгтæм кандидаты статусы  аккаг нæу.  Бæрæг куыд  у афтæмæй,   ахæм  сигналтæй  ныхас кæнынц  уыдон фæсарæйнаг  коллегæтимæ.  Сæ нысан  æмæ  план у  хуымæтæг:  июны кæрон  Гуырдзыстон, сæ хъуыдымæ гæсгæ,  Украина æмæ Молдовæйæ  хъауджы,  ма хъуамæ райса   Евроцæдисы  уæнгтæм  кандидаты статус, кæцы, сæ планмæ гæсгæ, расайдзæни  мæстыдзинад  æхсæнады, «Националон Змæлд»  æмæ йæ  сателлиттæ абцархайдзысты  хицауады  фæфæлдæхт  æмæ Гуырдзыстоны  хæстмæ  баласын», –   райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Йе мбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  Украинайæн, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн  евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статусы раттын   нысаниуæгджын политикон сигнал уыдзæн.

«Евроцæдисы æрдгæй Гуырдзыстонæн, Украина æмæ Молдовæйæн   Евроцæдисы  уæнгтæм кандидаты  статусы раттын   нысаниуæгджын политикон сигнал уыдзæн  дыууæ  цæстæнгасæй: фыццаг,  уымæй  Евроцæдис равдисдзæни солидарондзинад  æртæ  бæстæйæн, кæцыты  территоритæ  сты  Уæрæсейы   оккупацийы бын; æмæ дыккаг,  кандидаты  статус раттынæй,   Евроцæдис  хъусын кæны, цæмæй нæ тæрсы   уырыссаг реакцийæ  æмæ принципон   позици æвдисы   æртæ  бæстæйæн фарсхæцыны  фарстатйы.   Цæй тыххæй   ис  гæнæн   Евроцæдис  пайдаджыныл банымайа  ныхмæлæууæг  сигналы  айзæлын кæнын,  уый бынтон  зынæмбарæн у», –   загъта Къобахидзе.

Афтæма йæ дзырдæй,   зæгъгæ «хæсты парти»  æмæ йæ  фæсарæйнаг лобисттæ   ныфс нæ сафынц, цæмæй  Гуырдзыстон  кандидаты  статус  ма райса.

«Радикалты æмæ сæ фæсарæйнаг лобистты  план у  хуымæтæг,  июны кæрон  Гуырдзыстон, сæ хъуыдымæ гæсгæ,  Украина æмæ Молдовæйæ  хъауджы,  ма хъуамæ райса   Евроцæдисы  уæнгтæм  кандидаты статус, кæцы сæ планмæ гæсгæ расайдзæни  мæстыдзинад  æхсæнады, «Националон Змæлд»  æмæ йæ  сателлиттæ абцархайдзысты  хицауады  фæфæлдæхт  æмæ Гуырдзыстоны  хæстмæ  баласын. Æхсæнадæн дæттæм дзырд, цæмæй  ацы  сценари дæр афтæ  фæкъуыхцы уыдзæн,  куыд  сæ архæйдтытæ  хицауад фæфæлдæхты фæдыл. Гуырдзыстон у паддзахад  æмæ йын ис хицауад, кæцы нæ  бæстæйы  нæдæр  змæстытæ æмæ нæдæр хæсты  фадат нæ ратдзæн. Кæмæндæриддæр та  ныхмæлæууæг нысæнттæ ис,  уыдонæн æхсæнад æмæ хицауадæй  уыдзæн æмбæлгæ  дзуапп», – райхъусын кодта Къобахидзе.