Ираклий Къобахидзе – Бæстæйы нын ис стабилондзинад, æввахс æртæ азмæ æвзæрстытæ нæ уыдзæн, æппæт змæстытæм æнæкæсгæйæ, нæ бон у æххæстæй æрæвналæм рæзынадыл
Ираклий Къобахидзе – Бæстæйы нын ис стабилондзинад, æввахс æртæ азмæ æвзæрстытæ нæ уыдзæн, æппæт змæстытæм æнæкæсгæйæ, нæ бон у æххæстæй æрæвналæм рæзынадыл

Абон махæн нæ бæстæйы ис стабилондзинад æмæ хъуыды кæнын, цæмæй Гуырдзыстоны бахъахъхъæндзыстæм стабилон æрдзон уавæр, кæцы бæстæйы размæцыды ахсджиаг у – – загъта Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе TRT WORLD-имæ интервьюйы.

Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй фæстаг цалдæр азы дæргъы бæстæ бирæ зындзинæдтыл сæмбæлд, уæлдайдæр та 2020 азы парламентон æвзæрстыты фæстæ.

«Бæстæйы мах æмбæлдыстæм фондз æндæр æмæ æндæр путчы фæлварæныл, фæлæ ныр уавæр бынтон стабилон у æмæ нын бантыст нæ æнæфæцудгæ политикæйæ уавæр стабилизаци кæнын.Фæстаг цалдæр азы мидæг арæзт къахдзæфты фæстиуæгæн оппозици тынг фæлæмæгъдæр ис.

Ныр нæм ис стабилондзинад. Хæстæгдæр æртæ азы дæргъы æвзæрстытæ нæ уыдзæн, кæцы нысан кæны, цæмæй нæ бон у æххæстæй æркæсæм бæстæйы размæцыдмæ. Æнæкæсгæ алы тыхархайдмæ, змæстмæ, кæцыйы бæстæ бавзæрста фæстаг цалдæр азы дæргъы, мах равдыстам тынг бæрзонд темп экономикон рæзынады æмæ ныр æххæстæй здæхæм ацы хъуыддагыл», -расидтис Ираклий Къобахидзе.