Ираклий Къобахидзе – арфæ кæнын  нæ пысылмон æмзæххонтæн Рамадан Байрам æмæ Новруз Байрамы фæдыл  æмæ бузныгы  ныхæстæ сидын нæ иумæйаг маст кæй дих кæнынц æмæ бæрæгбонон мадзæлттæ кæй æрурæдтой
Ираклий Къобахидзе – арфæ кæнын  нæ пысылмон æмзæххонтæн Рамадан Байрам æмæ Новруз Байрамы фæдыл  æмæ бузныгы  ныхæстæ сидын нæ иумæйаг маст кæй дих кæнынц æмæ бæрæгбонон мадзæлттæ кæй æрурæдтой

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе арфæ кæны  пысылмон æмзæххонтæн Рамадан Байрам æмæ Новруз Байрамы фæдыл.

Къобахидзе куыд банысан кæны афтæмæй, ацы аз  бæрæгбонтæ Гуырдзыстонæн тынг уæззау периодимæ æрымбæлдысты , Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илиа Дыгкагы мæлæт æмæ националон хъыггæнæн бонтимæ.

«Фæстиат, фæлæ зæрдæбын арфæтæ кæнын нæ пысылмон æмзæххонтæн Рамаданы Байрам æмæ уалдзæджы æрцыды бæрæгбон – Новруз Байрамы цытæн.

Ацы аз ацы бæрæгбонтæ баиу сты нæ бæстæйæн алкæмæй уæззау рæстæгимæ, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илиа Дыгкагы мæлæт æмæ националон хъыггæнæн бонтимæ.

Уæлдай бузныг зæгъын пысылмон æхсæнадæн сæ зæрдиаг æмзæрдæдзинады тыххæй, нæ иумæйаг маст кæй дих кæнынц, æмæ ацы бонты бæрæгбонон мадзæлттæ кæй æрурæдтой, уый тыххæй. Мах никуы ферох кæндзыстæм уыцы æфсымæрон æххуыс.

Растдæр зындзинады кæнæ цины рæстæджы иумæ лæууын у фидар бындур, кæцыйыл æнцайы нæ иудзинад. Æнусты дæргъы, нæ фыдæлтæ фæрсæй-фæрстæм арæзтой Гуырдзыстоны истори, мах та, ныры фæлтæртæ, иумæ аразæм йæ хуыздæр фидæн.

Йæ Сыгъдæгдзинад кæддæриддæр пысылмон æхсæнадмæ каст уæлдай кад æмæ æфсымæрон уарзтæй. Йæхæдæг дæр уыд кæрæдзийæн аргъ кæныны, сабыр æмцæрды æмæ быхсындзинады удæгас дæнцæг. Нæ сæйраг хæсыл нымайæм ацы стыр бынтæ адарддæр кæнын.

Иу хатт ма уын арфæ кæнын ацы стыр бæрæгбæтты фæдыл. Мæ зæрдæ зæгъы сабырад, æнæниздзинад æмæ фæрныгад уæ бинонтæн», -расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе.