Ираклий Къобахидзе -  æфхæрд гæнæн ис уа  æнæрæстаг æмæ рæстаг дæр, æфхæрдыл ныхас куы цæуы, уый кой куы кæнæм ома сраст кæнын гæнæн цæмæн нæй  ахам æфсæддон агрессийы фæндагæй  Уæрæсе  уæззау зиан æрхаста Украинайæн
Ираклий Къобахидзе - æфхæрд гæнæн ис уа æнæрæстаг æмæ рæстаг дæр, æфхæрдыл ныхас куы цæуы, уый кой куы кæнæм ома сраст кæнын гæнæн цæмæн нæй ахам æфсæддон агрессийы фæндагæй Уæрæсе уæззау зиан æрхаста Украинайæн

Æфхæрд гæнæн ис уа рæстаг æмæ æнæрæстаг дæр, фæлæ ницы  æппæрццаг контекст  нæй  гæнæн раттын фразæйæн,  кæцыйы   загъта премьер, –  уый фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Ираклий Къобахидзе,  партийы  офисы  лæвæрд брифингыл  райхъусын кодта.

Ираклий Къобахиздзейы журналисттæ фарстой   премьер-министры  зноны фидиуæны тыххæй, кæцыйы дæр Гъарибашвили дзуры: «Нырма 25 февралы дзырдтон, цæмæй  кæд исчи уыдзæн ссæст æмæ фхæрд ацы хæстæй, уый  уыдаит Украина, мингай украинаг  амардаит, хæлд уыдаит сæ территорион æнæхъæндзинад æмæ афтæ дæр  рауад».

Ираклий Къобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ  ныхас  цæуы ууыл, цæмæй  бынтон сраст кæнын  гæнæн цæмæн нæй  æмæ æнæраст  æфсæддон агрессийы  фæндагæй Уæрæсе  ахæм уæззау  зиан æрхаста  Украинайæн.

«Украинайы цæрджытæ бавзæрстой  стыр зиан.  Уæрæсейы æрдгæй   цы  цæуы æххæст æфсæддон агрессийы хуызæй  украинæгты  ныхмæ  у   æфхæрыны  акт.  Ам мах фехъуыстам бирæ  спекуляцитæ.  Æфхæрд гæнæн ис  уа рæстаг æмæ  æнæрæстаг дæр. Ницы   æппæрццаг контекст  нæй  гæнæн раттын фразæйæн,  кæцыйы   загъта премьер. Дзырдæуы  Украинайы  æфхæрдыл  Уырыссаг æфсæддон  агрессийы хуызæй, цæй  сраст кæнын гæнæн нæй. Ноджы иу хатт  зæгъдзыстæм, цæмæй   стыр зиан  бавзæрстой хъыгагæн  нæ хæлар паддзахады  адæм, Украинайы  æмбæстæгтæ.   Тынг вазыгджын у  уыцы  уавæр, кæцыйы дæр  ерын ис ацы паддзахад.  Зонут, цæмæй  алы  цæстæнгасæй, экономикон  инфраструктурон, æфсæддон кæнæ  кæцыфæнды æндæр, у тынг уæззау  æмæ афтæдæр, йæ  хицауады нырид тыхыбын баис  НАТО-ыл нæзагъд ракæнын, кæцы йæ рдгæй  уыд  райдайæн  æнхъарæн  Уæрæсемæ. Уый у  тынг уæззау уавæр, уымæ  æмбæлгæйæ дæр  лæууы  ахæм сурæт,  кæцы нын у  тынг  хъыгаг.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  нæ рард у  уый  æппæтæй бахизæм нæ бæстæ», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.