Ираклий Къобахидзе  абитуриенттæн бæрзонддæр ахуырмæ  бахауыны  фæдыл арфæ  кæны
Ираклий Къобахидзе абитуриенттæн бæрзонддæр ахуырмæ бахауыны фæдыл арфæ кæны

Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Къобахидзе  абитуриенттæн  бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм бахауыны  фæдыл  арфæ  кæны.

Хицауады сæрдар  социалон хызаг «Фейсбукы» куы  фыссы   афтæмæй,   университетон  ахуырад райтынг кæнын æмæ  фæсивæдæн максималонæй  йæ къух  сразын хицауады  сæрмагонд приоритет у.

«Бæрзонддæр  ахуыргæнæндæттæм бахауыны фæдыл арфæ кæнын  32 000-æй фылдæр  абитуриентæн, кæцыты  царды  иуæй-иу  иттæг нысаниуæгджын  этап райдайы.  Уырны мæ, студентты фыццаг  период  сымахæн   ног  зонынады, фæлтæрддзинады æмæ хæлæртты райстимæ иумæ, æнтыстджын  æмæ цымидсон уыдзæн. Университетон  ахуырады райтынг кæнын æмæ фæсивæдæн  максималонæй  сæ къух  саразын  нæ  сæрмагонд приоритет у æмæ  хицауады номæй, ацы фæндагыл  уын  дæттæм æххæст фарсдарыны  дзырд.  Мæ зæржæ уын зæгъы, æнтысты æмæ  зонынад райсын, кæцыйы фæрцы  уын уыдзæн фадат   баххæссат профессион æнтыстмæ æмæ хайбавæрд скæнат   нæ  бæстæйы  хуыздæр  фидæн куыд сифтонг  кæнат уыцы  арфæтæ» –  банысан кодта премьер.