Ираклий Къобахидзе – 2028 азы программон нысан у æгуыстдзинады нымæц 4 процентæй дæлдæр æмæ рæстæмбис мызд 3500 ларийæ фылдæр фæкъаддæр кæнын. Ныртæккæйы темптæм гæсгæ ацы нысантæ сты къухы бафтгæ
Апрелы мах фиксир кодтам экономикон рæзт 7,5 проценты, кæцы у хорз, бæрзонд бæрæггæнæн. Цыппар мæйы дæргъы астæуккаг рæзт уыд 8.8 процент, æмæ ацы æрдгæй экономикон рæзты æрдгæй, нæ бæстæ лидерæй баззад æрмæст уæрæхдæр регионы нæ фæлæ ма Европæйы дæр – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе хицауады рабадтыл расидтис.
Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй экономикон рæзт адарддæр уыдзæн.
«2022 азæй 2024 азмæ æртæ азы мидæг Гуырдзыстоны æххуырст кусджыты нымæц фæфылдæр 185 минæй, æххуырст кусджыты рæстæмбис мызд та 1300 ларийæ 2217 ларийы онг фæфылдæр ис. ахæм темптæй размæ цæугæйæ, нæ националон хæстæй иу у æппынфæстаг мæгуырдзинадыл фæуæлахиз уæвын, æмæ уый тыххæй экономикон рæзт у ахсджиаг, уымæ гæсгæ мах хъуамæ зæрдиагæй кусæм, цæмæй фидæны уа тагъд экономикон рæзт.
Нæ разы ис бæлвырд нысантæ. Программæйы нысан 2028 азы у æгуыстдзинад 4 процентæй дæлдæр фæкъаддæр кæнын, астæуккаг мызд та 3500 ларийæ фылдæр. Уырны нæ, цæмæй ныртæккæйы темптæй, нысæнттæ æххæстгæнæн сты, иннæтæ райдайæнæй кæронмæ баст сты махæй», -расидтис Ираклий Къобахидзе.