Ираклий Эдзгверадзейы æмæ ноджы æртæ гоймагы ныхмæ сæххæст тыхмидзинады фактыл зылынмæ лæвæрд æхсæз гоймагæн  тæрхондон æфхæрды мадзалæй  ахст стæрхон кодта
Ираклий Эдзгверадзейы æмæ ноджы æртæ гоймагы ныхмæ сæххæст тыхмидзинады фактыл зылынмæ лæвæрд æхсæз гоймагæн тæрхондон æфхæрды мадзалæй ахст стæрхон кодта

Тбилисы сакребулойы  «Националон Змæлды»  депутаты, Ираклий Эдзгверадзейы æмæ ма  ноджы  æртæ  гоймагы ныхмæ къордонæй  сæххæст  тыхмидзинады фактыл  зылынмæ лæвæрд æхсæз гоймагæн æфхæрды мадзалæй  стæрхон кодтой ахст.  Тбилисы горæты тæрхондоны тæрхонгæнæг, Арсен  Калатозишвии  зылынгæнæг   фарсы   куырдиатимæ сразы ис.

Прокуррор   абоны  рабадтыл куыд райхъусын кодта афтæмæй,  зылынмæ лæвæрдтæ бахъавыдысты бамбæхсын. Бамбæхсынæй  дарддæр ма, зылынгæнæг фарс   æвдисæнтæм зхомысдарыны  æмæ  бæлвырдгæнæнтæ  скуынæг кæныны  тасыл дæр фæныхас кодта. Афтæма  прокуратурæ   бавдыста хъуыддаджы  уæвæг   уыцы  бæлвырдгæнæнтыл,  кæцытæ зылынгæнæг фарсы  позицимæ гæсгæйæ,   бæлвырд кæнынц  фыдракæнд.

Адвокаттæ  райхæлдтой, цæмæй  зылынмæ лæвæрд уæнгты нæ фæндыд  бамбæхсын æмæ  хæстæджытæм  цыдысты  уазæгуат.  Хъахъхъæды  фарс  банхъарыд   цъындыйы бæсты  ссæрибар кæнын.   Иргъæвæг фарсы  позицийæ хъуыддаджы   уæвæг бæлвырдгæнæнтæй,  зылынмæ лæвæрдтæ  фыдракæнды  кæй  сыххæст кодтой  уый  бæлвырд нæу.

Фæдагуырды информацийæ, зылынмæ лæвæрд уæнгтæ, ацы этапыл  æбæрæг   æндæр уæнгтимæ иумæ, Тбилисы, Глданы I микрорайоны, иуæй-иу корпусы  цур территорийыл  цыппар уæнгмæ балæбурдтой  æмæ сæ фыднад скодтой.

Æрцахстуæвджытæн бавдыстæуыд аххосаг   тугтæрхоны барады кодексы  126-æм статийы  фыццаг прима  хайы «Б»  æмæ «Г» дæлпункттæм гæсгæйæ(къордон тыхмидзинад  æмæ дыууæ кæнæ фылдæр адæймагы ныхмæ), кæцы æфхæрды хуызæй  æмæ мадзалæй  дыууæ азы онг ахстæй æфхæрд  дары йæ  хъуыдыйы.