Ираклий Гъарибашвилийы уынаффæйæ, Тбилисы метройы вагонты ранæуæгæн, падзахаон бюджетæй 475 млн евро рауæлдай уыдзæн
Тбилисы метройы вагонты ранæуæг кæнынæн паддзахадон бюджетæй 475 мил евро рауæлдай уыдзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Тбилисы мэр Каха Каладзеимæ æмæ финансты министр Лаша Хуцишвилиимæ фембæлдыл райхъусын кодта.
Хицауады администрацийы уагъд фембæлдыл проекты деталтæ афæлгæстой æмæ фидæнмæ саразинаг къахдзæфтæ сплан кодтой.
Тбилисы мэр Каха Каладзе куыд банысан кодта афтæмæй, проекты фæлгæтты рауагъдгонд у 212 иуæг нырыккон, æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлон метройы вагонты балхæд, кæцыты этапгай ралæвæрд æмæ уæвæг зæронд поездты раивын фæдылдзог 15 азы дæргъы сыххæст уыдзæн. Афтæма йæ дзырдæй зæгъгæ 212 вагон, æмтгæй райсгæйæ 45 поезд у.
Проектмæ гæсгæйæ 13 иуæг цыппарвагонджын поезд Сабурталойы хаххæн уыдзæн, æрмæст 32 иуæг фондзвагонджын поездта та змæлдзæн Варкетили-Ахметелийы хаххыл.
Каха Каладзе куыд банысан кодта афтæмæй, проекты æмтгæйон бюджет у 475 милуан евройы бæрц æмæ æнæхъæнæй сфинанс уыдзæн паддзахадон бюджетæй, цæй тыххæй дæр уый бузныг загъта Гуырдзыстоны хицауадæн æмæ сæрмгаондæй премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийæн.
Тбилисы мэры дзырдæй, фæнысангонд уынаффæйы бындурыл æввахс бонты райхъусын кæндзысты базары бацахуыры тыххæй, уый фæстæ та æхсæнадæмон тендер, кæцыйы хайад райсын сæ бон уыдзæн метройы вагонты æмæ æддагсыхтæм змæлæг поездты аразæг бæрзондквалифициргонд æмæ фæлтæрддзинад кæмæн ис, ахæм фæсарæйнаг компанитæн.