Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй, экономикон советы рабадт сырæзт
Ираклий Гъарибашвилийы къухдариуæгæй, экономикон советы рабадт сырæзт
Советы уæнгтæ, хицауадон рабадтыл, экономикайы къуымæй бæстæйы уæвæг позитивон тенденцитæ бакастысты. Фæуынаффæ кодтой 2024-æм азы бюджеты приоритетон сфератыл.
Рабадтыл афтæ дæр уыд каст бирасабион, æнæхæдзар бинонтæн, цæрæн бынаты лæвæрды фарста. Премьеры ныхасмæ гæсгæ, 1 000–онг бинонтæн хицауад хæдзæрттæ балхæндзæн. Премьер, снысангонд фарстайы фæдыл, æнæниздзинады министрæй конкретон план байхъуыста. Банысан кодта, цæмæй программа, фидæн азæй райдайдзæн æмæ æнæхъæнæй 50 милуан лари бахардз уыдзæн.
Премьер-министр экономикон советы рабадтыл байхъуыста паддзахадон мулкъы приватизацийы хаццæгмæ. Банысан кодтой, цæмæй ацы рæстæгмæ приватизацигонд у 180 000 000 ларийы бæрц мулкъ, кæцыйæ централон бюджетмæ уыд æрвыст 121 445 138 лари. Экономикон советы уæнгтæ фæуынаффæ кодтой хицауадон амалиуджыты реформацийы фарстайыл. Банысан кодтой, цæмæй 2022–æм азы декабры ист уыд Гуырдзыстоны хицауадон реформæйы 2023-2026 æм азты стратегийыл куыст цæуы.
Рабадтыл бакастысты CFD аукционты фæстиуджытæ æмæ ног аукционы снысаны процесс.