Ираклий Гъарибашвили – Украинайы нæ  33  æмбæстаг фæхъуыд, тæфæрфæс кæнын  фæмардуæвджыты бинонтæн, уый махæн  стыр трагеди у
Ираклий Гъарибашвили – Украинайы нæ 33 æмбæстаг фæхъуыд, тæфæрфæс кæнын фæмардуæвджыты бинонтæн, уый махæн стыр трагеди у

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Украинайы  гуырдзиаг хæцджыты мæлæты  тыххæй  хъыгтæ радзырдта æмæ  фæмардуæвджыты  бинонтæн æмæ  хæстæджытæн тæфæрфæс кæны.  Уый фæдыл Гъарибашвили  хицауады абоны рабадтыл   райхъусын кодта.

«Фæнды мæ тæфæрфæс ракæнын фæмардуæвджыты  бинонтæн, сæ хæстæджытæн.  Афтæма  ноджы иу  хатт банысан кæнын, ома  махæн уый  у  тынг стыр рыст.  Зæрдæргомæй мæ фæнды зæгъын, уый тыххæй,   стыр рыст у, нырид 33  нæ æмбæстаг  амард Украинайы, ацы хæсты, кæцы у  махæн  трагеди. Ноджы  иу  хатт тæфæрфæс кæнын сæ бинонтæн.

Ноджы иу хатт мæ  фæнды  дзыллæйæн бакой кæнын, ома цы роль ис абоны   хицауадæн  ацы  процессы. Фæнды мæ райхалын, цæмæй  нæ хицауады  уынаффæйæ, бинонтимæ разыгондæй,  алы фæмардуæвæгы  æрластам  хицауады  комкоммæ бастдзинадæй.  Хъуыддаджы  баст уыдысты   минæварадтæ,  мæ  хъуыдыйы дарын раззаг цауты. Хардзтæ æнæхъæнæй  бамбæрзы  хицауад. Сæ фылдæр  уыдысты раздæры æфсæддæттæ, пъæлицæйæгтæ, офицертæ.  Хайад истой  нæ  территоритыл  цы хæстытæ уыд уым, августы хæсты, Абхазы кæнæ Самачаблойы хæст.  Алкæйдæр бавæрдтам æфсæддон кадæй.  Ноджы иу  хатт тæфæрфæс кæнын  алкæмæн ацы трагедийы фæдыл», –  банысан кодта Гъарибашвили.