Ираклий Гъарибашвили – Уæрæсе нæ цыт кæны нæ бæстæйы суверенитетæн, иудзинадæн æмæ дарддæр кæны территориты оккупаци, растдæр уый у сæйраг барьер нæ ахастыты
Уæрæсе нæ цыт кæны нæ бæстæйы суверенитетæн, нæ бæстæйы иудзинадæн æмæ дарддæр кæны нæ бæстæйы территориты оккупаци. Растдæр ай у сæйраг барьер нæ ахастыты – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы эфиры , алæвæрд «Тависупали Хедва»-ы райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг 2012 азы онг Уæрæсеим ахастыты æрдгæй уæвæг уавæрыл фæныхас кодта æмæ йæ хъусдард раздхта уыцы къахдзæфтæм, кæцытæ «Гуырдзиаг Бæллицц» хицауадмæ æрбацыды фæстæ уыдысты арызт ацы æрдæм. Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ ныгуылæйнаг партнерты амынд уыд, деескалаци райдайын. Фæлæ Уæрæсемæ гæсгæйæ, политикон æрдæмадæй ницы ивд уыд.
«Зæгъæн ис æрвылбойнон режимы тыхыбын стæм уыцы быцæусидтæн бафæразын, кæцы баст у а.х. бордеризациимæ æмæ телæмбондты инсталяциимæ, сæ нымæцы нæ æмбæстæгты скъæфтимæ. Бирæ тыхмион факт, уый нымæцы марындзинæдтæ дæр сфиксир ис. Цæй зæгъын æй хъæуы ай æппæтыл нын ис уайтагъд реакци, фæлæ политикон æрдæмадæй Уæрæсемæ гæсгæ нæ фезмæлыдыстæм, уый у тынг вазыгджын фарста. Уæрæсемæ нæ сæрйаг претензи кæнæ проблемæ у, нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинад. Уæрæсе нæ цыт кæны нæ бæстæйы суверенитетæн, нæ бæстæйы иудзинадæн æмæ дарддæр кæны нæ бæстæйы территориты оккупаци. Растдæр ай у сæйраг барьер нæ ахастыты» – райхъусын кодта премьер.
Хицауады сæргълæууæгы аргълæвæрдæй, зæгъгæ деоккупацийыгæнæн нæй политикон прогресс куы нæ уа, уæд.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм комкоммæ контакты организацидзинад, архайдæн хæъуы дзæбæх ахъуыды кæнын, дзæбæх бацæттæ кæныны æмæ уый хъуамæ уа реалонæй фæтсиуæгыл ориентацигонд, фæлæ ма хъуамæ фембæлд æрмæст фембæлды тыххæй. Гуырдзиаг фарс, Гуырдзыстон æмæ нæ адæм хъуамæ зоной, цæмæй цы фæстиуæг ис гæнæн райсын теорионæй æмæ практиконæй. Æмтгæй райсгæйæ, алчи дзæбæх æмбарæм, цæмæй алы нормалон паддзахад сæрмагонд национ интерестæм æмбæлгæйæ архайы. Цæй зæгъын æй хъæуы ис нæм нæхи интерестæ æмæ алы æндæр паддзахадмæ, сæ нымæцы сыхаг бæстæтæм дæр ис сæрмагонд интерестæ. Афтæмæй хъуыды кæнын цæмæй ахæм фембæлдтæм дзæбæх бацæттæ кæнын хъæуы» – банысан кодта премьер-министр.