Ираклий Гъарибашвили Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы Иугонд Паддзахады гарзджын тыхты министримæ фембæлд

15:26, 29.03.2022

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Стыр Британийы æмæ Цæгат Иралндийы  Иугонд  Паддзахады  гарзджын тыхты  министр Джеймс  Хипииæ фембæлдис.  Уый фæдыл   информаци хъусын кæны хицауады администраци.

Сæ информацийæ, фембæлдыл хъусдард здæхт  уыд Стыр Британийы æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн  уæвæг  партнерадыл хъахъхъæнынады  сферæйы. Банысан ис, цæмæй стратегион диалогы формат æмæ хъахъхъæнынады  сферæйы   æмгуыстад дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг  ахастытæ ног  æмвæзадмæ схæцын.  Ныхасы рæстæджы Ираклий Гъарибашвили  бахахх кодта, цæмæй  Гуырдзыстон активонæй дарддæр кæны хъахъхъæнынды сферæйы  реформæтæ æххст кæнын, цææмй хæдиргъæфы  фадæттæ  стыхджындæр кæна.  Фембæлдыл æркастысты  Сау Денджызы æдасдзинады  нысаниуæг  иумæйаг   евроатлантикон  æдасдзинад сфитонг кæыныны. Хъусдард  здæхт уыд  Украинайы  цæугæ  хæстон  архæйдтыты фæстиуæгæн  Хурыскæсæн Европæйы регионы  сырæзт æдасдзинады æртхъирæнтæм.  Бахахх ис  æхсæнадæмон  дзыллæйы максималон   тыхархайды æнæмæнгхъæуындзинад  хæст куыд гæнæн ис  афтæ тагъд кæрон скæнынæн.

Хицауады администрацийы  ацæугæ фембæлды хайад истой  Иугонд Паддзахады  сæрмагонд  æмæ æххæстаргъджын  минæвар  Марк Клейтон  æмæ  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр Джуаншер Бурчъуладзе.

Хуыздæр