Ираклий Гъарибашвили Словакийы минæваримæ хæрзбойнон равгы фембæлд ауагъдта
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны Словакийы Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар, Павел Виздалимæ хæрзюойнон равгы фембæлд ауагъдта.
Гуырдзыстоны хицауады информацийæ, фембæлдыл хъусдард здæхт уыдис Гуырдзыстон æмæ Словакийæн цы нысаниуæгджын прогресс ис дыууæфарсон ахастыты æрдгæй, уымæ.
«Ныхасы рæстæджы æркастысты бæстæйæн нысаниуæгджын фарсхæцæг проекттæ, афтæма, бахахх ис Словакийы æххуысы нысаниуæг æнæнизхъахъхъæды секторæн. Хицауады администрацийы уагд фембæлдыл Словакийы Республикæйы минæвар премьер-министрæн Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнг суæвыны æрдгæй хъæддых æххуысы тыххæй бæлвырд загъта. Ираклий Гъарибашвили Словакийы Республикæйы минæварæн, дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг стратегион партнерады ноджы фæарфдæр кæныны тыххæй раарфæ кодта æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстджын фидæны куысты арфæтæ», – банысангонд у Гуырдзыстоны хицауады информацийы.