Ираклий Гъарибашвили - Раздæры хицауадæй нын нæ хай фæци иттæг вазыгджын уавæр æдасдзинады æрдгæй
Гуырдызыстоны хъахъхъæнынады министр Ираклий Гъарибашвили парламенты «министры сахаты» фæлгæтты дзырдæй ралæуды рæстæджы, оккупацийы тыххæй фæныхас кодта æмæ банысан кодта, ома уæрæсейаг оккупаци Гуырдзыстоны раз лæууæг сегасдæр сæйраг æртъхъирæн у.
«Раздæры хицауадæй нын нæ хай фæци иттæг вазыгджын уавæр æдасдзинады æрдгæй æмæ æрвылбойнонæй тыхыбын стæм а.х. бордеризацийæн исты схос кæнын. Регионы нысаниуæгы фоныл бæрæг кæнынц Гуырдзыстоны раз, афтæ куыд æнæхъæнæй регионы æдасдзинады æрдæм цæугæ комкоммæ æмæ фæрссаг æртъхъирæнтæ, кæцыты превенцийæн, сæрмагонд нысаниуæг ис æвзыгъд æмæ эффективон иргъæвон фæрæзты уæвынадæн. Сау Деджыз Кавказы регионы милитаризаци æмæ уым лæууæг Уæрæсейы нырыккон уæлдæфон, деджызон, сурзæххон компоненттæй формиргонд арæнгонд бацæуæн зонæтæ, нысаниуæгджынæй зынвадат кæнынц регион æнæхъæнæй ныгуылæнæн æфсæддон-политикъон цæстæнгасæй», – райъхусын кодта Гъарибашвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, иттæг нысаниуæгджын æртъхъирæн у Гуырдзыстоны арæнтæм хæстæг бæрзонд дырысдзинады æмæ стыр дардады сурзæххон-денджызон æмæ уæлдæфон ракетон комплекстæ кæй ис уый.
«Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл лæууæг оккупацион тыхты æфсæддон базæтæ, сæрмагондæй та 7-æм, 4-æм æфсæддон базæтæ æмæ регионы карз милитаризаци, халынц тыхты баланс æмæ тас хæссынц регионы æдасдзинады уавæрæн» – банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.